Югосетпотребнадзоры фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Евгений Одиноков /  Ахизын медиабанкмæКоронавирус
Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2021
Рафыссын
Пандемийы райдайӕнӕй республикӕйы коронавирус бахӕцыд 3951 адӕймагыл, уыдонӕй медицинон хыгъдӕй систой 3539 пациенты

ЦХИНВАЛ, 21 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Хуссар Ирыстоны санитарон уагдон сбӕрӕг кодта 39 ног рынчыны коронавирусӕй иу суткӕмӕ, фехъусын кодта Sputnik Югосетпотребнадзоры сӕргълӕууӕг Коцты Марина.

"Югосетпотребнадзоры бӕрӕггӕнӕнтӕм гӕсгӕ, республикӕйы фӕстаг суткӕйы дӕргъы сарӕзтой 237 тесты коронавирус сбӕрӕг кӕныны фӕдыл, уыдонӕй 39 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Медицинон хыгъдӕй систой 13 адӕймаджы. Медикты хъусдарды бын ма сты 412 пациенты", - загъта Коцты Марина.

Пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 бахӕцыд 3951адӕймагыл, уыдонӕй 3539 сӕнӕниз сты. Уагдоны ПЦР-лабораторийы сарӕзтой 26 689 иртӕсты коронавирус рабӕрӕг кӕныны фӕдыл.

Санитарон уагдоны сидынц ӕххӕст кӕнын коронавирусы апарахаты профилактикӕйы фӕдыл мадзӕлттӕ ӕххӕст кӕнын. Югосетпотребнадзоры кусджытӕ иудадзыг уадзынц рейдон мадзӕлттӕ базарадон объектты ӕмӕ республикӕйы организациты, цӕмӕй басгарой оперативон штабы барфысттӕ куыд ӕххӕст цӕуынц, уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0