Югоссельхознадзор фӕтыхджындӕр кодта хъусдард фыдызгъӕлы реализацимӕ Хуссар Иры базарты

© Sputnik / Natalia AiriyanЦхинвалы базар
Цхинвалы базар - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 21.07.2021
Рафыссын
Хъӕууон хӕдзарады министрады банысан кодтой, хуыты африкӕйаг емынӕ тӕссагдзинад нӕ хӕссы адӕймагӕн ӕмӕ хъӕууонхӕдзарадон фосы ӕндӕр хуызтӕн

ЦХИНВАЛ, 21 июл – Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Югоссельхознадзор фӕтыхджындӕр кодта хъусдард бынӕттон базарты хуыты африкӕйаг емынӕйы тыххӕй, кӕцы сбӕрӕг кодтой Хуссар Ирыстоны Цхинвалы районы цалдӕр хъӕуы., фехъусын кодта уагдоны сӕргълӕууӕг Гуыцмӕзты Маирбег.

Хуссары Иры емынӕйы фӕзынды зонӕйы сӕвӕрдтой дезбарьер - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 20.07.2021
Хуссар Иры емынӕйы фӕзынды зонӕйы сӕвӕрдтой дезбарьер

Африкӕйаг емынӕ сбӕлвырд кодтой Цхинвалы районы цыппар цӕрӕн пункты - Дменисы, Къохаты, Уанаты ӕмӕ Сарабукъы. Хъӕууон хӕдзарады министрады баныфсӕвӕрдтой, уагдон уайтагъд кӕй райста мадзӕлттӕ, цӕмӕй низ ма апарахат уа ӕндӕр территоритыл.

"Емынӕйы фӕзынды тыххӕй куы базыдтам, уӕд Югоссельхознадзоры кусджытӕ фӕтыхджындӕр кодтой хъусдард базарты, цӕмӕй ма уӕй кӕной хъӕстӕ фыдызгъӕл. Басгарынц ӕнӕмӕнгхъӕугӕ документаци, кӕцы хъуамӕ уа реализатортӕм. Уыдонмӕ документтӕ куы нӕ уа, уӕд базайраг ист ӕрцӕудзӕн, уӕйгӕнджыты та ӕрбаздахдзысты административон бӕрндзинадмӕ", - загъта Гуыцмӕзты Маирбег.

Хуыты африкӕйаг емынӕ кӕцы хъӕуты сбӕлвырд кодтой, уырдыгӕй нӕ уаддзысты ницы продукци, районы ветеринарон службӕйы уый фӕдыл бафӕдзӕхстой.

Хъӕууон хӕдзарады министрады банысан кодтой, хуыты африкӕйаг емынӕ тӕссагдзинад нӕ хӕссы адӕймагӕн ӕмӕ хъӕууонхӕдзарадон фосы ӕндӕр хуызтӕн.

Афтӕ ма Югоссельхознадзоры сӕргълӕууӕг ӕрсидт цӕрджытӕм, цӕмӕй фыдызгъӕлы продукци ӕлхӕныны рӕстӕджы ӕрдомой уӕйгӕнджытӕй ветеринарон документтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0