Номдзыд ирон богал Бестауты Алымбеджы ном ратдзысты Хуссар Иры скъолайӕн

Бестауты Алымбег - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Рафыссын
Уӕгъдибар хъӕбысхӕсты дунейы чемпионаты фыццаг уӕлахиздзау ирӕтты хсӕн Бестауты Алымбеджы ном сӕнусон кӕндзысты йӕ райгуырӕн хъӕу Мугуты

ЦХИНВАЛ, 22 июл — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Мугуты хъӕуы астӕуккаг скъолайӕн ратдзысты номдзыд богал Бестауты Алымбеджы ном. Уый фӕдыл педагогон коллективы скъуыддзаг ӕрвыст ӕрцыд районы разамындмӕ, фехъусын кодта Sputnik скъолайы директор Гӕбӕраты Георгий.

"Скъолайӕн ном раттыны фӕдыл документтӕ бацӕттӕ кодтам уагыл. Районы разамынадмӕ арвыстам скъолайы коллективы иумӕйаг скъуыддзаг фыццаг ирон дунейы чемпион уӕгъдибар хъӕбысхӕстӕй Бестауты Алымбеджы ном сӕнусон кӕныны фӕдыл йӕ райгуырӕн хъӕуы скъолайы", - загъта директор.

Бестауты Алымбег Ирыстоны историмӕ бацыд куыд фыццаг дунейы чемпион ирӕтты хсӕн. Дунейы спорты историйы уый йӕ ном ныффыста куыд тагъд уӕлахизты спортсмен. Йӕ ӕнтыстыты нымӕцы сты Советон цӕдисы 1955 азы уӕлахиз, дунейы Кубок 1996 азы, Мельбурны олимпиаг хъӕзтыты бронзӕйон майдан ӕмӕ ӕндӕртӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0