Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Рафыссын
Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады Советы секретары хӕдивӕг ис кусӕгон балцы Хуссар Ирыстоны. Республикӕйы президентимӕ иумӕ уый хайад райста РХИ ӕмӕ РЦИ-А дыууӕварсон комитеты рабадты скъуыддзаг бафыссыны церемонийы

ЦХИНВАЛ, 26 июл - Sputnik. Уӕрӕсейы Ӕдасдзинады Советы секретары хӕдивӕг Рашид Нургалиев ӕрцыд кусӕгон балцы Хуссар Ирыстонмӕ, къуырисӕры уый фембӕлд президент Бибылты Анатолийимӕ, хъусы кӕны бӕстӕйы сӕргълӕууӕджы пресс-службӕ.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд

Президент бузныг загъта уазӕгӕн ӕмӕ банысан кодта, республикӕйы къухдариуӕгад уӕрӕсейаг фарсы ӕххуысӕй кӕй аразы ӕппӕт дӕр, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны территорийыл цӕрынӕн уа хӕрзвадӕттӕ.

"Ам ма хъӕуы банысан кӕнын республикӕйы ӕмбӕстӕгтӕн сӕ мыздтыл схӕцыны скъуыддзаг, кӕцы райстӕуыд УФ президент Владимир Путинимӕ фембӕлды рӕстӕджы. Уыдӕттӕ иууылдӕр ахъаз сты иумӕйагӕй республикӕйы уавӕр ӕрнывыл кӕнынӕн", - банысан кодта уый.

Уыимӕ ма Бибылты Анатолий банысан кодта, гомӕй кӕй баззад "погонтимӕ адӕмы" мыздты фӕфылдӕр кӕныны фарст.

"Ацы категоримӕ хауынц ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ кусынц Паддзахадон ӕдасдзинады комитеты, Таможнӕйон службӕйы, УУМ, прокуратурӕ ӕмӕ къорд ӕндӕр уагдӕтты, ӕмӕ сӕ мызд нӕу Цӕга-Кавказаг федералон зылды ӕмвӕзадыл", - ранымадта уый ӕмӕ бахатыд ацы фарст хъусдардмӕ райсын.

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд

Афтӕ ма фембӕлды рӕстӕджы бӕстӕйы сӕргълӕууӕг радзырдта ӕртӕ ацы дӕргъы Инвестицион нывӕзты ӕнтыстджын реализацийы тыххӕй.

Президент ма хъусдард аздӕхта коронавирусы пандемийы фӕдыл вазыгджын уавӕрмӕ ӕмӕ банысан кодта, республикӕйы алы ӕмбӕстагӕн дӕр кӕй ис фадат саразын уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V".

Рашид Нургалиев банысан кодта, йӕ балцы рӕстӕджы сӕм кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы бирӕ куыст. Фыццаг рады бафыст ӕрцӕудзӕн бадзырд МХМ къабазы, "кӕцы ахъаз уыдзӕн информаци дих кӕнын, цӕсгӕмттыл кусын ӕмӕ фыдракӕндтӕ иуварс кӕнынӕн".

© Пресс-служба президента РЮОЦхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.07.2021
Цхинвалы ацыд Бибылты Анатолий ӕмӕ Рашид Нургалиевы фембӕлд

Фӕмбӕлды кӕрон Бибылты Анатолий ӕмӕРашид Нургалиев фӕуазӕг сты РХИ ӕмӕ РЦИ-А дыууӕварсон комитеты рабадты скъуыддзаг бафыссыны церемонимӕ. Хуссар Ирыстоны фарсӕрдыгӕй бадзырдыл йӕ къухфыст ӕрӕвӕрдта МХМ сӕргълӕууӕджы х.ӕ. Пухаты Мераб, цӕгатирыстойнаг фарсӕрдыгӕй та РЦИ-А мидхъуыддӕгты министр Михаил Скоков.

Ног хабӕртты лентӕ
0