Хуссар Иры коронавирусы ныхмӕ прививкӕ сарӕзтой 750 адӕймаджы онг

Рафыссын
Эпидемиологтӕ куыд уырнын кӕнынц, афтӕмӕй вакцинаци у иунӕг амал коронавирусы пандеми ӕрлӕууын кӕнынӕн

ЦХИНВАЛ, 28 июл – Sputnik, Козаты Диана. Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады бӕрӕггӕнӕнтӕӕ гӕсгӕ, вакцинаци Хуссар Ирыстоны рацыдысты 747 адӕймаджы, уыдонӕй 415 ныридӕгӕн райстой уӕрӕсейаг вакцинӕ "Спутник V" дыккаг компонент дӕр, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Маринӕ.

COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
"Югосетпотребнадзор"-ы фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

Эпидемиологон уавӕр Хуссар Ирыстоны февзӕрдӕр сӕрды райдианӕй. "Югосетпотребнадзор" ӕрвылбон дӕр хъусын кӕны дӕсгай ног рынчынты тыххӕй. Азы атирекорд ӕвӕрд ӕрцыд 23 июлы - уӕд республикӕйы рабӕрӕг ис 63 фӕрынчынуӕвӕджы иу суткӕмӕ.

"Хицауад ракуырдта вакцинӕйы уӕлӕмхас парти, уымӕ гӕсгӕ нӕм цухдзинад нӕй. Антителаты уӕвынады фӕдыл иртӕстытӕ рацыдысты 2254 адӕймаджы, уыдонӕй иу къордӕн разынд антителатӕ. Уый та нысан кӕы, ӕмӕ уыцы адӕм цавӕрдӕр рӕстӕджы кӕй нал фӕрынчын уыдзысты коронавирусӕй", - загъта Коцты Марина.

Йӕ ныхӕстмм гӕсгӕ, привикӕты ныхмӕ кампатитӕ алыхатт дӕр уыдысты активон, ӕмӕ уый канд коронавирусы ныхмӕ прививкӕтӕм нӕ хауы.

Ставрополы .емынӕйы ныхмӕ зонад-иртасӕн институты сӕрмагонд бригадӕйы къухдариуӕггӕнӕг Дмитрий Ефременко радзырдта, Хуссар Ирыстонмӕ кӕй ӕрцыд фарон фӕззӕджы - уӕд уавӕр уыд бирӕ карздӕр абонмӕ абаргӕйӕ.

Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инфекци ӕруромыны тыххӕй ӕнӕмӕнгхӕуӕг у коллективон иммунитет.

"Уымӕ гӕсгӕ иунӕг амал - вакцинаци. Чизоны стӕй коронавирус сезонон инфекци суа, фӕлӕ дунейы абон цы уавӕр ис, уый нал уыдзӕн. Вакцинаци рацӕуын ӕнӕмӕнгхъӕуӕг у", - бахахх кодта уый.

Раздӕр Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министр Наниты Сослан фехъусын кодта, зӕгъгӕ, республикӕ "Спутник V" дарддӕр ракуырдта Уӕрӕсейӕ вакцинӕ "Спутник Лайт", кӕцы у иукомпонентон.

Ног хабӕртты лентӕ
0