Таймӕзты Мӕдинӕ ссис Токиойы Олимпиадӕйы бронзӕйон призер

© REUTERS / ANNEGRET HILSEТаймӕзты Мӕдинӕ
Таймӕзты Мӕдинӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Рафыссын
Ирон дзюдоисткӕйы бронзӕ ссис Токиойы уӕрӕсейаг олимпиаг ӕмбырдгонды хӕзнадоны дыууынӕм майдан

ЦХИНВАЛ, 28 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Азӕмӕт. Ирыстойнаг дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ бацахста ӕртыккаг бынат Токиойы Олимпиадӕйы.

Ирон дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.07.2021
Ирон дзюдоисткӕ Таймӕзты Мӕдинӕ ахызт Олимпиадӕ-2020 ӕрдӕгфиналмӕ

Ӕртыккаг бынаты сӕраппонд тохы 70 килограммы онг категорийы Таймӕзты чызг рамбылдта хорватийаг Барбара Матичы вазари нысанмӕ гӕсгӕ.

Ирон спортсменкӕ ӕрдӕгфиналы фӕхӕрд Японийӕ спортсменкӕ, дунейы дыууӕ хатты чемпионкӕ Тидзуру Араийӕн. Ныхмӕлӕуд цыд 16 минут ӕмӕ 41 секунды.

Ирон дзюдоисткӕйы бронзӕ ссис Токиойы уӕрӕсейаг олимпиаг ӕмбырдгонды хӕзнадоны дыууынӕм майдан.

Токиойы олимпиадӕ ахастӕуыд иу аз фӕстӕдӕр пандемийы тыххӕй ӕмӕ уагъд цӕуы 23 июлӕй 8 августы онг. Уый нымад у иууыл егъаудӕрыл спорты хуызты нымӕцмӕ гӕсгӕ - 33 ӕмӕ категоритӕм гӕсгӕ - 339. Хайад сӕ исынц 19 мин спортсмены онг. Олимпиадӕ цӕуы ӕнӕ фӕсарӕйнаг кӕсджытӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0