Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Паддзахадон театры коллективӕн 90-азон юбилейы фӕдыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Паддзахадон театры коллективӕн 90-азон юбилейы фӕдыл
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Паддзахадон театры коллективӕн 90-азон юбилейы фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Паддзахады сӕргълӕууӕг банысан кодта, театр кӕй рацыд бирӕ зын фӕндӕгтыл, фӕлӕ коллектив сфӕрӕзта уӕззау рӕстӕджытӕ ӕмӕ абон ӕнкъары кӕсӕджы стыр уарзондзинад

ЦХИНВАЛ, 29 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссарирыстойнаг театры ныры коллективӕн ис алы уавӕртӕ дӕрбирӕ алыгъуызон спектакльтӕ ӕвӕрынӕн, банысан кодта республикӕйы президент Бибылты Анатолий йӕ арфӕйы Хетӕгкаты Къостайы номыл Паддзахалон драмон театры сырӕзты 90-азон юбилейы фӕдыл.

Цыппӕрӕмы, 29 июлы сӕххӕст 90 азы, Хуссар Иры профессионалон театр йӕ дуӕрттӕ фыццаг кӕсджытӕн куы бакодта, уыцы боныл.

Бӕстӕйы сӕргълӕууӕг куыд банысан кодта, афтӕмӕй театр рацыд бирӕ зын фӕндӕгтыл.

"Абон цард ивы. Сымах кусут иттӕг хорз уавӕрты, уарзы уӕ кӕсӕг. Нӕ хӕс - фидар къахдзӕфтӕ аразын размӕ, нӕ культурӕ райтынг кӕнын, ӕвӕллайгӕйӕ кусын Ирыстоны хӕрзӕбонӕн. Уӕ коллектив уыцы хӕстӕ ӕххӕст кӕны ӕнтыстджынӕй", - бахахх кодта Бибылты Анатолий.

Уый бафтыдта, кӕй ӕнӕрхъӕцӕй кӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсы спектакль "Фӕстаг ӕвдисӕн"-мӕ, цы ран дзырд цӕуы ивгъуыд ӕнусы 20-ӕм ӕзты ирон адӕмы геноциды тыххӕй. Президент равдыста ныфс, спектакль кӕй бацӕттӕ кӕндзысты 20 сентябрьмӕ - Республикӕйы бонмӕ.

© Sputnik / Natalia Airiyan Уазджытӕн равдыстой ног ифтонгад дӕр - миты генератор, кӕцы театрӕн балӕвар кодта президент
Бибылты Анатолий раарфӕ кодта Паддзахадон театры коллективӕн 90-азон юбилейы фӕдыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Уазджытӕн равдыстой ног ифтонгад дӕр - миты генератор, кӕцы театрӕн балӕвар кодта президент

Спектаклы премьерон равдыст хъуамӕ ацыдаид августы, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой коронавирусимӕ уӕззау уавӕры тыххӕй.

Театры коллективӕн ма сӕ юбилейы цытӕн раарфӕ кодта культурӕйы министр Зассеты Жанна дӕр. 

Афтӕ ма ӕрӕмбырдуӕвджытӕн равдыстой ног ифтонгад дӕр - миты генератор, кӕцы театрӕн балӕвар кодта президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0