Джиголаты Хасан: стационарон телефонтӕ сараздзысты конкуренци бынӕттон провайдертӕн

© cottonbro / РexelsСтационарон телефон
Стационарон телефон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Фиксацигонд бастдзинад, кӕд ӕй бакӕной, уӕд сараздзӕн конкуренци бынӕттон провайдертӕ "Юг-Телеком" ӕмӕ" Остелеком"-ӕн, банысан кодта Хуссар Ирыстоны бастдзинад комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан

ЦХИНВАЛ, 29 июл — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Фиксацигонд бастдзинады хызӕг фылдӕр кӕндзӕн ӕмӕ сараздзӕн конкуренци бынӕттон провайдертӕн, фехъусын кодта Sputnik пресс-конференцийыл Хуссар Ирыстоны бастдзинад ӕмӕ массон коммуникациты комитеты сӕргълӕууӕг Джиголаты Хасан.

Телефонон бастдзинад республикӕйы ныппырх ис 2008 азы августы хӕсты рӕстӕджы. Хӕсты фӕстӕ Хуссар Ирыстонмӕ ӕрцыдысты уӕрӕсейаг специалисттӕ, кӕцытӕ сцалцӕг кодтой хызӕгты хай. Абоны бон фиксацигонд телефонон бастдзинадӕй пайда кӕнынц 800 абоненты, фылдӕр бӕрцӕй хицауад ӕмӕ алыгъуызон уагдӕттӕ.

"2013 азы фиксацигонд бастдзинады хызӕджы арӕзтадӕн рахицӕн кодтой фӕрӕзтӕ. Фӕлӕ уӕд бантыст бакӕнын куысты ӕрдӕг хай – арӕзтад ӕрурӕдтой, фӕрӕзтӕ та ацыдысты ӕндӕр объекттӕм. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, ӕнӕ финансон фӕрӕзтӕй горӕты телефонон бастдзинад сцалцӕг кӕныны куыстытӕ нӕ фесты", - загъта Джиголаты Хасан.

Уый банысан кодта, ацы фарсты фӕдыл кӕй бацӕттӕ кодтой ног проект, кӕцыйы хъӕуы финансты фӕрӕзтӕ.

© Sputnik / Залина Кулумбегова Джиголаты Хасан
Джиголаты Хасан: стационарон телефонтӕ сараздзысты конкуренци бынӕттон провайдертӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Джиголаты Хасан

"Бирӕтӕ курынц, цӕмӕй сцалцӕг кӕнӕм стационарон бастдзинад ныллӕг ӕргъты тыххӕй. Фиксацигонд бастдзинад, кӕд ӕй бакӕной, уӕд сараздзӕн конкуренци бынӕттон провайдертӕ "Юг-Телеком" ӕмӕ" Остелеком"-ӕн", - банысан кодта комитеты разамонӕг.

Джиголаты Хасаны ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕхцайы фӕрӕзтӕ куы ӕрбацӕуой ӕмӕ ифтонггарз куы балхӕной, уӕд горӕты егъаудӕр районты райдайдзысты аразын бастдзинады  радиолинитӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0