Хуссар Иры паддзахадон театр ӕрзилдзӕн гастрольты Уӕрӕсейы горӕттыл

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры паддзахадон театр ӕрзилдзӕн гастрольты Уӕрӕсейы горӕттыл
Хуссар Иры паддзахадон театр ӕрзилдзӕн гастрольты Уӕрӕсейы горӕттыл - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 29.07.2021
Рафыссын
Цыппӕрӕмы, 29 июлы сӕххӕст 90 азы, Хуссар Иры профессионалон театр йӕ дуӕрттӕ фыццаг кӕсджытӕн куы бакодта, уыцы боныл

ЦХИНВАЛ, 29 июл – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Хуссар Ирыстоны культурӕйы министр Зассеты Жанна банысан кодта, ӕппӕтуӕрӕсейон гастролон-концертон нывӕзты фӕлгӕтты Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театр кӕй нывӕнды ацӕуын гастрольты Уӕрӕсейы горӕттӕм. Уый тыххӕй министр фехъусын кодта театрыл 90 азы сӕххӕсты цытӕн мадзалы рӕстӕджы.

"Театр бавдисдзӕн кӕсджытӕн спектакльтӕ "Антигона" ӕмӕ "Къоста". Гастрольтӕ райдайдзысты Ярославлы 21 октябры, адарддӕр уыдзысты Липецк ӕмӕ Воронежы. Мах ныридӕгӕн бадзырдтам уыцы горӕтты ирон диаспорӕтӕм. Уыдон зӕрдиагӕй ӕнхъӕлмӕ кӕсынц уе ‘рцыдмӕ", - банысан кодта Зассеты Жанна.

Цыппӕрӕмы, 29 июлы сӕххӕст 90 азы, Хуссар Иры профессионалон театр йӕ дуӕрттӕ фыццаг кӕсджытӕн куы бакодта, уыцы боныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0