Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2021
Рафыссын
Уæлдæфон-десантон æфсæдты хæцджытæ æмæ ветерантæ сæвæрдтой дидинтæ Цхинвалы Кады аллейы Ӕнусон артмæ, афтæ ма сæххæст кодтой традицион автозгъорд горæты уынгтыл

ЦХИНВАЛ, 2 авг – Sputnik, Тъехты Дзерассæ. Хуссар Ирыстоны банысан кодтой уæлдæфон-десантон æфсæдты арæзтады 91-æм афæдзы бон. Бæрæгбонон мадзæлтты хайад райстой республикæйы президент Бибылты Анатолий, УДӔ ветерантæ æмæ Маргеловы номыл Рязаны уæлдæфон-десантон командон ахуыргæнæндоны хуссарирыстойнаг курсанттæ.

Президент раарфæ кодта æрæмбырдуæвджытæн бæрæгбоны фæдыл.

"Уырны мæ, нæ десантон хæларад кæй у æнæфенкъуысгæ, æмæ мах фидар кæндзыстæм ахастытæ Уæрæсе, Белоруси æмæ æндæр бæстæты десантниктимæ, цы ран нырма иузæрдион сты УДӔ традицитæм. Ӕвзонг десантниктæ, курсанттæ æмæ офицертæ та дарддæр кæндзысты традицитæ, кæцытæ сын ныууагътой ветерантæ. Ӕвзонг фæлтæр сæрыстыр у ветерантæй, кæцытæ рацыдысты десантон скъола, службæ кодтой Афганистаны", - загъта Бибылты Анатолий.

Афтæ ма президент радта ветерантæ æмæ ныры десантниктæн юбилейон майдантæ Уæрæсейы УДӔ къухдариуæгадæй. Уымæй дарддæр ветерантæй иуы схорзæхджын кодтой хуссарирыстойнаг майданæй "За ратный труд во имя мира".

© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
1/3
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
2/3
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
© Sputnik / Natalia Airiyan Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй.
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
3/3
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй.
1/3
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
2/3
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй
3/3
Хуссар Иры УДӔ бон банысан кодтой дидинтæ сæвæрын æмæ автозгъордæй.

Хорзæхкæныны церемонийы фæстæ æрæмбырдуæвджытæ сæвæрдтой дидинтæ столицæйы Ӕнусон артмæ æмæ систой иумæйаг къам.

Мадзал балхынцъ ис традицион автозгъордæй Хуссар Ирыстон æмæ УДӔ тырысатимæ. Йæ сæргъ лæууыд республикæйы президент.

Ног хабӕртты лентӕ
0