"Югосетпотребнадзор"-ы фехъусын кодтой ног бӕрӕггӕнӕнтӕ коронавирусы фӕдыл

© Sputnik / Максим Блинов /  Ахизын медиабанкмæCOVID-19
COVID-19 - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 02.08.2021
Рафыссын
Уагдоны фӕстаг информацимӕ гӕсгӕ, республикӕйы пандемийы райдайӕнӕй рабӕрӕг кодтой 4281 фӕрынчынуӕвӕджы коронавирусӕй, медикты хъусдардӕй та ссистӕуыд 3684 пациенты

ЦХИНВАЛ, 2 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны коронавирус сбӕрӕг кодтой 39 адӕймагӕн, кӕцытӕ тесттӕ радтой ивгъуыд майрӕмбоны, фехъусын кодта Sputnik республикӕйы сӕйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Ивгъуыд майрӕмбоны республикӕйы сарӕзтой 341 тесты, уыдонӕй 39 радтой ӕвӕрццаг фӕстиуӕг. Иу суткӕмӕ медицинон хыгъдӕй систой 20 адӕймаджы. Дохтырты хъусдарды бын ма сты республикӕйы 371 цӕрӕджы", - загъта Коцты Марина.

Санитарон дохтыр банысан кодта, улӕфт бонты "Югосетпотребнадзор"-ы ПЦР-лабораторийы иртӕстытӕ кӕй нӕ арӕзтой, къуырисӕры саразгӕ тестты тыххӕй та фехъусын кӕндзысты дыццӕджы райсом.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 28 623 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4281. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3684 пациенты.

 

Ног хабӕртты лентӕ
0