Хуссар Иры парламент фæнд кæны ауадзын сесси майрæмбоны

© Sputnik / Natalia Airiyan Парламенты сесси
Парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2021
Рафыссын
Уымæй размæ закондæттæг органы рабадт фæкъуыхцы ис кворумы æнæуæвынады аххосæй. Депутатты хсæн æнæразыдзинад сæвзæрд Центрæвзарæнкомы уæнгты снысан кæныны процедурæйы фæдыл

ЦХИНВАЛ, 3 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент снысан кодта радон рабадты датæ, уый фæнд кæнынц ауадзын майрæбоны, 6 августы, фехъусын кодта спикер Тадтаты Алан ПТРК "Ир" –ы эфиры.

Ахӕстон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.07.2021
Амнисти нӕ уыдзӕн: Хуссар Иры парламент аиуварс кодта ацы фарст

Парламенты рабат, кæцыйы рæстæджы хъуамæ æркастаиккой президенты æнхъарæнмæ ЦӔК сæрдары бынатмæ æмæ фидар æрцыдаид йе ʻсконд, нæ ацыд.

"Мах хъуамæ æркæсæм медикты фиддонты фарстмæ, бахæссæм ивындзинæдтæ бюджетмæ, кæцытæ хауынц электрохаххы фæстауæрцон линийы арæзтадмæ. Боны фæткыл ма ис централон æвзарæн къамисы сконд сфидар кæныны фарст, архайгæйы æмгъуыд фæуд кæны 16 августы", - загъта Тадтаты Алан.

Уый ныфс бавæрдта, алцыдæр кæй уыдзæн "законы фæлгæтты".

"Алкæцы депутатæн дæр бар ис схъæлæс кæнын иу кæнæ иннæ кандидаты тыххæй, ахæм хаххыл цæудзæн хъæлæсæппæрст", - бафтыдта уый.

Ног хабӕртты лентӕ
0