Хуссар Иры рабæрæг кодтой 20 ног рынчыны коронавирусæй

© Sputnik / Sputnik /  Ахизын медиабанкмæХуссар Иры рабæрæг кодтой 20 ног рынчыны коронавирусæй
Хуссар Иры рабæрæг кодтой 20 ног рынчыны коронавирусæй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2021
Рафыссын
Бон раздæр Югосетпотребнадзор фехъусын кодта 39 рынчыны тыххæй, республикæйы пандемийы райдайæнæй та æдæппæт сбæлвырд кодтой 4301 рынчыны

ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik, Гæбæраты Элина. Хуссар Ирыстоны фæстæг суткæ коронавирус сбæлвырд кодтой 20 адæймагæн, фехъусын кодта Sputnik сæйраг санитарон дохтыр Коцты Марина.

"Къуырисæры сарæзтой 174 тесты, æвæрццаг бæрæггæнæнтæ равдыстой 20. Ацы æмгъуыд медицинон хъусдардæй систой 12 адæймаджы. Дохтырты хъусдарды бын нырма дæр сты 605 рынчыны", - загъта уый.

Цӕстдардон уагдоны ПЦР-лабораторийы пандемийы райдайӕнӕй COVID-19 раиртасыны тыххӕй сарӕзтӕуыд 28 797 иртӕсты, уыдонӕй ӕвӕрццаг фӕстиуӕг равдыстой 4301. Медикты хъусдардӕй ссистӕуыд 3696 пациенты.

Ног хабӕртты лентӕ
0