Цхинвалы дыууӕ уынджы кӕртытӕ хӕрзарӕзт ӕрцӕудзысты фӕззӕгмӕ

© Пресс-служба администрации города ЦхинвалЦхинвалы дыууӕ уынджы кӕртытӕ хӕрзарӕзт ӕрцӕудзысты фӕззӕгмӕ
Цхинвалы дыууӕ уынджы кӕртытӕ хӕрзарӕзт ӕрцӕудзысты фӕззӕгмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2021
Рафыссын
Горӕты цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ архайынц Нӕузӕххонты уынджы кӕртыты, ивд цӕуынц коммуникацитӕ, сӕвӕрдзысты ног асфальт ӕмӕ айсдзысты мӕнгагъуысттӕ

ЦХИНВАЛ, 3 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы  администрацийы цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады кусджытӕ архайынц дыууӕ уынджы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртыты хӕрзарӕзтадыл, уый тыххӕй фехъусын кодтой Sputnik Цхинвалы мэрийы пресс-службӕйы.

2021 азы нывӕзтмӕ гӕсгӕ хъуамӕ арӕзт ӕрцӕуой Нӕузӕххонты ӕмӕ Фидауынгӕнджыты уынгты бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртытӕ. Уыдон ӕнӕхъусдард сты Советон дугӕй.

"Ивгъуыд къуыри ӕрӕвнӕлдтой Нӕузӕххонты уынджы 4, 5 ӕмӕ 6-ӕм муниципалон хӕдзӕртты кӕртыты капиталонӕй сцалцӕг кӕнынмӕ. Фыццаг этапы ам раивтой дон ӕмӕ канализацийы хӕтӕлтӕ, ныр та ӕрӕвнӕлдтой фӕндаджы уӕлцъар исынмӕ - цӕттӕ йӕ кӕнынц асфальт кӕнынмӕ", - хъусын кӕны пресс-службӕ горӕты цӕрӕнуатон-коммуналон хӕдзарады хистӕр Джиоты Юрийы ныхӕстӕ.

Сӕ хъусинагмӕ гӕсгӕ, уым куыстытӕ балхынцъ уыдзысты дыууӕ къуырийы ӕмгъуыдмӕ.

© Пресс-служба администрации города ЦхинвалЦхинвалы хӕрзарӕзт цӕуынц уынгты кӕртытӕ
Цхинвалы дыууӕ уынджы кӕртытӕ хӕрзарӕзт ӕрцӕудзысты фӕззӕгмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.08.2021
Цхинвалы хӕрзарӕзт цӕуынц уынгты кӕртытӕ
"Уый фӕстӕ та ӕрцӕудзӕн Нӕузӕххонты уынджы фыццаг, дыккаг, 16 ӕмӕ 17 хӕдзӕртты кӕртыты рад. Уым дӕр ӕххӕст цӕудзӕн ӕнгӕс куыстытӕ", - загъта уый.

Столицӕйы архитекторы скъуыддзагмӕ гӕсгӕ, хӕрарӕзт цӕуӕг кӕртытӕй айсдзысты горӕты ӕддаг бакаст чи халы, уыцы арӕзтӕдтӕ.

Ӕмткӕй куыстытӕ фӕнд кӕнынц балхынцъ кӕнын октябрьмӕ.

Столицӕйы бирӕуӕладзыгон хӕдзӕртты кӕртыты хӕрзарӕзтады нывӕзт райдыдта 2019 азӕй. 2021 азы ахӕм хъусдарды бын сты Нӕузӕххонты ӕмӕ Фидауынгӕнджыты уынгтӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0