Хуссар Иры парламент снысан кодта Централон ӕвзарӕн къамисы ног сӕргълӕууӕджы

© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ парламент
РХИ парламент - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Рафыссын
Депутатты фылдӕр хай схъӕлӕс кодтой президенты бавдисгӕ кандидатурӕйыл. Гӕджиты Эмилия уыдзӕн ЦӔК сӕргълӕууӕг фондз азы дӕргъы

ЦХИНВАЛ, 4 авг – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны парламент снысан кодта Гӕджиты Эмилияйы Централон ӕвзарӕн къамисы (ЦӔК) сӕргълӕууӕджы бынатмӕ. Йӕ кандидатурӕйыл схъӕлӕс кодтой депутатты фылдӕр хай.

РХИ парламенты сесси - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.07.2021
Хуссар Иры парламенты сесси нӕ ацыд кворум кӕй нӕ ӕрӕмбырд, уый тыххӕй

Парламенты рабадт, кӕцы аргъӕвтой цалдӕр хатт, ацыд ӕртыццӕджы.

Гӕджиты Эмилияйы кандидатурӕ бавдыста президент, афтӕ ма уый сфидар кодта йӕ авд минӕвары ЦӔК-мӕ.

Гӕджиты Эмилия уыд президенты администрацийы паддзахадон-барадон дӕлхайады разамонӕг, афтӕ ма уыд ЦӔК уӕнг дӕр.

Парламенты уынаффӕ бахиздзӕн йӕ тыхы 15 августы, ЦӔК раздӕры сӕргълӕууӕг Плиты Беллайы куысты ӕмгъуыд фуӕд кӕны 16 августы.

Ног хабӕртты лентӕ
0