Къуыдаргомы хохлӕбырд сӕхгӕдта фӕндаг Аланийы пикмӕ

© Sputnik / Джульетта КозаеваКъуыдаргомы хохлӕбырд сӕхгӕдта фӕндаг Аланийы пикмӕ
Къуыдаргомы хохлӕбырд сӕхгӕдта фӕндаг Аланийы пикмӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 05.08.2021
Рафыссын
Аланийы пик ӕвӕрд у 3,5 километры бӕрзӕндыл Къуыдаргомы хохӕфцӕгыл. Ацы сӕрд уырдӕм цӕуы бирӕ бӕлццӕттӕ, фӕндӕггонты ардӕм ӕлвасы ӕнахуыр рӕсугъд ком, ӕхсӕрдзӕнтӕ ӕмӕ абаргӕйӕ нӕцонвадат фӕндаг

ЦХИНВАЛ, 5 авг - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны альпинистты уарзон маршрут - Аланийы пикмӕ дурты зӕй сӕхгӕдта фӕндаг. Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта бӕлццӕттӕй иу, кӕцы фӕнд кодта схизын ацы бӕрзӕндмӕ дыццӕджы.

Аланийы пик ӕвӕрд у 3,5 километры бӕрзӕндыл Къуыдаргомы хохӕфцӕгыл. Ацы сӕрд уырдӕм цӕуы бирӕ бӕлццӕттӕ, фӕндӕггонты ардӕм ӕлвасы ӕнахуыр рӕсугъд ком, ӕхсӕрдзӕнтӕ ӕмӕ абаргӕйӕ нӕцонвадат фӕндаг.

"Хӕдтулгӕтӕ цӕуынц Аланийы хохрӕбынмӕ, уырдыгӕй та бӕлццӕттӕ хизынц фистӕгӕй. Цалдӕр боны размӕ уым, ӕвӕццӕгӕн, уыд зӕххӕнкъуыст ӕмӕ ракалд хох, уый сӕхгӕдта хӕдтулгӕты фӕндаг. Ныр хохмӕ схизыны маршрут зынгӕ фӕзындӕр - йӕ бынмӕ бацӕуын хъӕуы фистӕгӕй цыппар километрӕй фылдӕр", - загъта бӕлццон.

Уый ма бафтыдта, зӕгъгӕ, кӕд балцгӕнджытӕ сӕ кӕройнаг нысанмӕ не 'схызтысты, уӕддӕр федтой алӕмӕттаг бынӕттӕ.

"Зынгӕ фӕуӕззаудӕр ис фӕндаг, уымӕ гӕсгӕ нӕ къорд нал схызт бӕрзӕндмӕ, фӕлӕ, уымӕ ӕнӕкӕсгӕйӕ федтам ацы рӕсугъд къуым - афӕлгӕсыдыстӕм Цӕгат Ирыстонмӕ хохӕй, федтам комы рӕсугъд ӕхсӕрдзӕнтӕ", - бафтыдта уый.

Аланийы хохмӕ ацы аз июны сцыд сарӕзтой Ирыстоны хуссар ӕмӕ цӕгаты минӕвӕрттӕ - уӕд балц снывонд кодтой СФХ дуджы Кавказыл тохӕн. Сцыды хайад райста паддзахады разамонӕг Бибылты Анатолий дӕр.

Ног хабӕртты лентӕ
0