ЦХИНВАЛ, 5 авг — Sputnik. Ирон богал Найфонты Артур ссис Токиойы 2020 азы Олимпиаг хъæзтыты бронзæйон призер, хъусын кæны РИА Новости.
Цæгатирыстойнаг спортсмен архайдта уæгъдибар хъæбысхæстæй ерысты 86 кг онг уæзы категорийы. Кæронбæттæны уый фæуæлахиз узбекистайнаг Джавраил Шапиевыл 2:0 хыгъдæй.
Токиойы Олимпиаг хъæзтытæ райдыдтой 23 июлы. Ныридæгæн Уæрæсейы æмбырдгонд ахсы фæндзæм бынат майданты бахыгъды, уый рамбылдта 16 сыгъзæрин, 21 æвзист æмæ 20 бронзæ хорзæхы. Ӕппæты разæй ис Китай (33-24-16). Олимпиадæ цытджын æгъдауæй æхгæд æрцæудзæн 8 августы.