Хъахъхъӕнынады министрады командӕ ӕрцыд Алабиномӕ АрМИ-2021-мӕ цӕттӕкӕнынады фӕдыл

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæӔхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ
Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 09.08.2021
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны ӕфсӕддонтӕ хъахъхъӕндзысты республикӕйы кад "Танкон биатлон" конкурсы. Командӕйы сконды сты цыппар танкон экипажы

ЦХИНВАЛ, 9 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны танкистты командӕ ӕрцыд ӕфсӕддон полигон "Алабино"-мӕ, цы ран цӕудзӕн Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты "Танкон биатлон" конкурсмӕ цӕттӕкӕнынады фӕдыл фӕстаг этап. Ӕфсӕддонтӕ базонгӕ уыдзысты трассӕимӕ, конкурсы фӕтктимӕ, бакусдзысты алыгъуызон элементтыл. Уый тыххӕй хъусын кӕны Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады пресс-службӕ.

Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 22.07.2021
Цхинвалы схорзӕхджын кодтой ӕфсӕддонты, кӕцытӕ Хуссар Иры номӕй тох кӕндзысты АрМИ-2021-ы

Хуссар Ирыстоны танкисттӕ хайад райсдзысты "Танкон биатлон" конкурсы алы этапы дӕр. Командӕйы сконды сты цыппар танкон экипажы.

Фарон Хуссар Ирыстоны Хъахъхъӕнынады министрады командӕтӕ равдыстой аккаг фӕстиуджытӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтыты. Уӕлдай расгуыхтысты танкисттӕ "Танкон биатлон" конкурсы. Уыдон бацахстой ӕртыккаг бынат дыккаг дивизионы.

Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон хъӕзтытӕ "АрМИ-2021" уагъд цӕудзысты 22 августӕй 4 сентябрьмӕ Ӕхсӕнадӕмон ӕфсӕддон-техникон форум "АРМИЯ-2021" мадзӕлттимӕ иумӕ полигон "Алабино" ӕмӕ парк "Патриот"-ы. Хъӕзтытӕ ӕмӕ Форумы иумӕйаг баконд ацӕудзӕн 22 августы Конгрессон-равдыстон центр "Патриот"-ы, цы ран хайад райсдзысты Уӕрӕсейы Хъахъхъӕнынады министрады, хицауады ӕмӕ хъахъхъӕнынадон сӕудӕджерады куыстуӕтты минӕвӕрттӕ, афтӕ ма фӕсарӕйнаг делегацитӕ ӕмӕ уазджытӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0