ЦХИНВАЛ, 10 авг — Sputnik. Ӕртӕ тонны туаггуыр Кӕсӕг-Балхъарӕй ӕрластой Дзӕуджыхъӕуы рынчындонмӕ, цы ран уӕлвӕткон цауы тыххӕй амардысты фараст пациенты. Уый тыххӕй хъусын кӕны РИА Новости Цӕгат Ирыстоны администрацийы пресс-службӕйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Ноджы ма иу тонны туаггуыр та арвыстой Хуссар ӕфсӕддон зылды 40-ӕм ӕфсады аэродромӕй, кӕцы ис Мӕздӕджы. Афтӕ ма республикӕмӕ ӕрласдзысты туаггуыр Ставрополь ӕмӕ Краснодарӕй.
Тагъд ӕххуысы рынчындоны къуырисӕры ӕрцыд авари туаггуыры станцыл – спырх ис зӕххы бын хӕтӕл. Амардысты фараст адӕймаджы. Регионалон Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады куыд фехъусын кодта, афтӕмӕй уыдон иууылдӕр уыдысты уӕззау уавӕры. Реанимацийы ӕдӕппӕт уыдысты 71 пациенты.
Рынчындоны туаггуыры системӕйы фехӕлды тыххӕй базыдтой 18.00 сахатыл. Дзӕуджыхъӕумӕ арвыстой анезтезиологтӕ-реаниматологты къорд Ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады катастрофӕты медицинӕйы Федералон центрӕй. Фӕдагуырды комитет бакодта уголовон хъъуыддаг ацы уӕлвӕткон цауы фӕдыл.