ЦХИНВАЛ, 13 авг - Sputnik. Хуссар Ирыстоны 2008 азы хæсты амæттæгты фыдохы акци, кæцы цыд 12 августы горæт Кальярийы сакъадах Сардинияйы республикæйы фæсарæйнаг хъуыддæгты министрады минæварады æххуысæй, фæкъуыхцы ис гуырдзиаг мигрантты аххосæй, хъусын кæны уагдоны пресс-службæ.
Æртындæс азы размæ гуырдзиаг æфсæдтæ батыдтой республикæмæ, бафæлвæрдтой сæ дæлбар бакæнын, æхсты бын фæцис горæт æмæ йæ республикæйы цæрджытæ.
Августы фондзбонон хæсты амæттæгты номыл Сардинийы фæзуат Indipendenza-йы ацыд мысæн мадзал. Хуссар Ирыстоны цæрджыты фарсмæ балæууыдысты Кальярийы цæрджыты иу къорд Хуссар Ирыстоны ФХМ минæвар Сардинийы Роберто Пиннайы сæргълæудæй.
"Хъыгагæн, фыдохы мадзал фæкъуыхцы кодта гуырдзиаг мигрантты провокаци, кæцыйæн къухдариуæгад кодта сылгоймаг. Сæ æнæмбæлон митæй, уыдон бахъыгдардтой сабыр цæрджыты акци", - дзырдæуы сæ хъусинаджы.
Социалон хызæгты Роберто Пинна равдыста йæ хъыг, бырсджытæ нæ дæттой фаждат хæсты амæттæгты ном ссарынæн.
"Хæсты фæмардуæвджытæ аккаг сты цæмæй сын сæ ном ссарой. Мах фæдыд чырыстон чырыстон æгъдаумæ гæсгæ сæ нм ссарын", - ныффыста уый.
Провокацийы фæстæ мысæн мадзал адарддæр кодтой, загътой ФХМ.