Æфсæддонтæ баластой 4 тоннæ туаггуыр Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, цы ран ʻрцыд УУ

© Sputnik / Ольга Смольская /  Ахизын медиабанкмæÆфсæддонтæ баластой 4 тоннæ туаггуыр Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, цы ран ʻрцыд УУ
Æфсæддонтæ баластой 4 тоннæ туаггуыр Дзæуджыхъæуы рынчындонмæ, цы ран ʻрцыд УУ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.08.2021
Рафыссын
9 августы Дзæуджыхъæуы тагъд æххуысы рынчындоны зæххы бын аскъуыд трубæ, кæцыйы фæрцы цыд туаггуыр рынчындонмæ. Уый хыгъд амард 9 адæймаджы

ЦХИНВАЛ, 13 авг — Sputnik. Æфсæддонтæ баластой 4 тоннæ туаггуыр Дзæуджыхъæуы республикон клиникон рынчындонмæ, фехъусын кодта хуссар æфсæддон зылды пресс-службæйы хистæр Вадим Астафьев.

9 августы Дзæуджыхъæуы тагъд æххуысы рынчындоны зæххы бын аскъуыд трубæ, кæцыйы фæрцы цыд туаггуыр рынчындонмæ. Уый хыгъд амард 9 адæймаджы. Дыккаг бон рынчындон амард ноджы дыууæ адæймаджы, иуы мæлæт дзы дохтыртæ нæ бæттынц туаггуыры хъуагдзинадимæ, дыккаг цау иртæст цæуы. Слесгæнæн комитет бакодта уголовон хъуыддаг.

"УФ хъахъхъæнынады министр, инæлар Сергей Шойгуйы скъуыддзагмæ гæсгæ Дзæуджыхъæуы тагъд æххуысы республикон клиникон рынчындонæн радтой цыппар тоннæ туаггуыр", - загъта уый.

Уый ма бафтыдта, æртæ боны æфсæддонтæ ластой туаггуыр Мæздæджы аэродромæй Дзæуджыхъæумæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, æфсæддонтæ дарддæр дæр ласдзысты туаггуыр, кæд сæм бацæуа æнхъарæн республикæйы разамынадæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0