Цхинвалы сӕрмӕ фӕсивӕд сарӕзта арт-объект

© Photo : FacebookЦхинвалы сӕрмӕ фӕсивӕд сарӕзтой арт-объект
Цхинвалы сӕрмӕ фӕсивӕд сарӕзтой арт-объект - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 16.08.2021
Рафыссын
Граффити фӕзынд цӕрджыты уарзон бынаты Цхинвалы ныгуылӕн фарс, горӕты сӕрмӕ стыр тырысамӕ хӕстӕг

ЦХИНВАЛ, 16 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны столицӕйы сӕрмӕ фӕсивӕды минӕвӕрттӕ сарӕзтой рӕсугъд улӕфӕн бынат арт-объектимӕ. Фӕсивӕдон организаци "Ныхас"-ы куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй къуылдымыл сӕвӕрдтой бандӕттӕ ӕмӕ Хетӕгкаты Къостайы хуызистимӕ сис.

"Ӕппӕт куыстытӕ дӕр сӕххӕст кодтой фӕсивӕдон организаци "Ныхас"-ы активисттӕ, Хетӕгкаты Къостайы дӕр сныв кодта уыдонӕй сӕ иу - Карсанты Станислав. Уымӕй мах равдыстам, кӕй нӕ рох кӕнӕм нӕ номдзыд адӕмы", - загътой Sputnik фӕсивӕдон организацийы.

Граффити фӕзынд цӕрджыты уарзон бынаты Цхинвалы ныгуылӕн фарс, горӕты сӕрмӕ стыр тырысамӕ хӕстӕг.

Ног хабӕртты лентӕ
0