Югосетпотребнадзоры кусджыты схорзӕхджын кодтой СOVID-19 ныхмӕ тохы майдантӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЮгосетпотребнадзоры кусджыты схорзӕхджын кодтой СOVID-19 ныхмӕ тохы майдантӕй
Югосетпотребнадзоры кусджыты схорзӕхджын кодтой СOVID-19 ныхмӕ тохы майдантӕй - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 17.08.2021
Рафыссын
Премьер-министр Бекъойты Геннадий радта майдантӕ уагдоны кусджытӕй 20 адӕймагӕн, кӕцытӕ расгуыхтысты пандемийы рӕстӕг

ЦХИНВАЛ, 17 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны хицауады сӕрдар Бекъойты Геннадий рахицӕн кодта паддзахадон хорзӕх "За борьбу с пандемией СOVID-19"-йӕфӕлхасгӕнджыты бартӕ ӕмӕ цӕрджыты ӕнӕниздзинады фӕдыл комитеты хуыздӕр кусджыты (Югосетпотребнадзор).

"Абон сӕ хорзӕхтӕ исынц цӕрджыты санитарон-эпидемиологон хӕрзиуджыты фадыджы чи кусы, уыдон. Тыхст уавӕрты фӕкуыстат бирӕ рӕстӕг, фӕлӕ уын нырма разӕй дӕр бирӕ ис кӕнинаг. Бузныг уын уӕ цӕсгомджын куысты тыххӕй. Тых ӕмӕ уын ӕнтыстытӕ зӕгъы мӕ зӕрдӕ", - загъта хицауады сӕрдар.

Премьер-министр радта майдантӕ 20 адӕймагӕн, хъусын кӕны хицауады пресс-службӕ.

Комитеты сӕрдар Коцты Марина бузныг загъта хицауады сӕрдарӕн санитарон службӕмӕ сӕ хъусдарды тыххӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0