Знауыры районы цӕрӕнуатмӕ ӕнхъӕлмӕгӕсӕг цӕрджытӕ цӕуынц ногӕй регистраци

© YouTube / ГТРК "Ир"Бирӕфатерон хӕдзар Знауыры
Бирӕфатерон хӕдзар Знауыры - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 18.08.2021
Рафыссын
Знауыры районы социалон цӕрӕнуатмӕ рады лӕууӕг ӕмбӕстӕгты ногӕй регистраци кӕндзысты августы кӕрӕтты онг

ЦХИНВАЛ, 18 авг - Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Знауыры районы ногӕй регистраци кӕнынц ӕмбӕстӕгты, кӕцыты хъӕуы фӕхуыздӕр кӕнын сӕ цӕрӕнуатон уавӕртӕ, хъусын кӕны райадминистрацийы пресс-секретарь Оттаты Алена.

Хуссар Иры юстицийы министр радзырдта, куыд кусдзӕн цӕрӕнуатон политикӕйы фӕдыл ног закон - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.05.2021
Хуссар Иры юстицийы министр радзырдта, куыд кусдзӕн цӕрӕнуатон политикӕйы ног закон

Районы ныридӕгӕн кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны бирӕфатерон хӕдзары арӕзтад. Уым ис ӕхсӕз ӕртӕхатӕнон ӕмӕ дӕсӕй фылдӕр дыууӕхатӕнон фатертӕ фӕхуыздӕргонд планировкӕимӕ.

"Ногӕй регистраци хъуамӕ рацӕуой ӕмбӕстӕгтӕ, кӕцытӕ бадӕттой сӕ документтӕ 2019 азмӕ. Фыццаг рады фатертӕ райсдзысты ӕххуысхъуаг бинонтӕ. Документтӕ раног кӕнын хъӕуы 30 августы онг. Ног регистраци уагъд цӕуы законы фӕлгӕтты, кӕцымӕ гӕсгӕ процедурӕ хъуамӕ уадзой аз дыууӕ хатты", - бамбарын кодта пресс-секретарь.

Уый бафтыдта, рады лӕууӕг адӕмимӕ цӕрӕнуатон къамисы уӕнгтӕ кӕй ӕмбӕлдзысты уӕлӕмхасӕй.

Оттаты Аленайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, радмӕ лӕууӕг адӕмы номхыгъды ис районы 200 цӕрӕгӕй фылдӕр.

"Регистрацийы рӕстӕджы куырдиаттӕн радтой номыртӕ, фатертӕ дӕр дих цӕудзысты уыцы номыртӕм гӕсгӕ. Фатер кӕмӕ не рхауа, уыдон ногӕй рацӕудзысты регистраци ӕмӕ райсдзысты хӕдзӕрттӕ ӕндӕр арӕзтады фӕстӕ", - банысан кодта уый.

Бирӕуӕладзыгон хӕдзар Знауыры районы эксплуатацимӕ ратдзысты ацы аз сентябры мӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0