ЦХИНВАЛ, 20 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Уӕрӕсейаг горӕт Самарӕйы сарӕзтой "Ирон хӕдзар". Культурон объект арӕзт ӕрцыд Хуссар Ирыстоны экс-премьер, Самарӕйы кадджын цӕрӕг Хуыгаты Ростиславы хъӕппӕрисӕй этнокультурон комплекс "Парк дружбы народов"-ы фӕлгӕтты, кӕцы иу кӕны 20 нациты цӕрӕнуӕттӕ, сӕ нымӕцы ирон хӕдзар дӕр.
Ныридӕгӕн этнокультурон комплекс "Парк дружбы народов"-ы арӕзт бахӕццӕ кӕронбӕттӕн этапмӕ.
"Хуыгаты Ростислав канд проекты инициатор нӕу, фӕлӕ арӕзтад дӕр цыд йӕ хӕрдзтӕй. Йӕ баконд нывӕндынц 12 сентябрьмӕ. Ӕнхъӕлмӕ кӕсынц Уӕрӕсе, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Цӕгат Ирыстоны президенттӕм", - ныффыста Facebook-ы йӕ фарсыл Хуыгаты Ростиславы хӕрзаудӕн фонд "Амонд"-ы разамонӕг Челехсаты Хъазыбег.
Уымӕй размӕ, Хуссар Ирыстоны культурӕйы министрады фехъусын кодтой, республикӕйы кафт ӕмӕ зарды паддзахадон ансамбль "Симд" кӕй ныццӕудзӕн цытджын мадзӕлтты хайад исынмӕ.