https://sputnik-ossetia.com/20210822/Uarzty-nkarnt-m-sabyrady-arft-Tskhinvaly-banysan-kodtoy-UF-tyrysayy-bon-12693727.html
Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон
Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕрӕгбонон мадзалы фӕлгӕтты ацыд акци "Ныв асфальтыл", кӕцы нывонд уыд Уӕрӕсейы тырысайы бонӕн 22.08.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-08-22T14:42+0300
2021-08-22T14:42+0300
2021-08-23T09:48+0300
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/08/16/12693089_0:0:1000:563_1920x0_80_0_0_b91a061c5a2e86bc80ac395da15dc4e3.jpg
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/08/16/12693089_85:0:1000:686_1920x0_80_0_0_02c1600ffec924a2440cf11ef862244f.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Уарзты ӕнкъарӕнтӕ ӕмӕ сабырады арфӕтӕ: Цхинвалы банысан кодтой УФ тырысайы бон
14:42 22.08.2021 (Ранӕуӕггонд: 09:48 23.08.2021) Бӕрӕгбонон мадзалы фӕлгӕтты ацыд акци "Ныв асфальтыл", кӕцы нывонд уыд Уӕрӕсейы тырысайы бонӕн
ЦХИНВАЛ, 22 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Цхинвал банысан кодта Уӕрӕсейы тырысайы бон. Столицӕйы кафетӕй иуы фӕзуатыл ацыд бӕрӕгбоны цытӕн мадзӕлттӕ.
Райдайӕны айзӕлд УФ паддзахадон гимн, организатортӕ раарфӕ кодтой ӕрӕмбырдуӕвӕг адӕмӕн.
Мадзалы сӕйраг пункттӕй иу - "Ныв асфальтыл" цыд сывӕллӕтты хайадистӕй. Хуызджын ахорӕнтӕй уыдон ныв кодтой Уӕрӕсейы. Арӕхдӕр уый сӕ хъуыдыйы уыд тырысайы хуызӕн, чи йӕ уыдта хурӕй, чи та йӕ ныв кодта картӕйыл, аннӕтӕ та фыстой уарзондзинады ныхӕстӕ.
Хетӕгкаты Дианайы Уӕрӕсе уыд сырх зӕрдӕйы хуызы.
"Ӕз сныв кодтон ме 'нкъарӕнтӕ, кӕй уарзын Уӕрӕсейы. Фыццагдӕр уымӕн ӕмӕ уый ӕрцыд ӕххуысмӕ 2008 азы. Стӕй мӕ зӕрдӕмӕ цӕуынц се 'гъдӕуттӕ ӕмӕ сӕ хъӕбатырдзинад 1945 азы", - радзырдта Sputnik чызг.
Мадзалы аннӕ уазӕг Хъотайты Вероника ныр дыккаг аз у ацы мадзалы архайӕг. Уый фӕрцы базыдта, Уӕрӕсейы тырысайӕ дарддӕр ноджы дыууӕ бӕстӕйы тырысатӕ.
"Фарон дӕр фӕцыд мӕ зӕрдӕмӕ Уӕрӕсейы тырысайы бон. Зонын ма Уӕрӕсейы тырысайӕ дарддӕр ис Китайы сырх тырыса ӕмӕ Цхинвалы (ирон) урс, сырх ӕмӕ бур хуыз тырыса", - радзырдта Вероника.
Мадзалы кӕрон архайджытӕм ӕнхъӕлмӕ каст лӕвӕрттӕ ӕмӕ адджинӕгтӕ.
Уӕрӕсейы тырысайы боны цытӕн мадзал бацӕттӕ кодта Россотрудничествойы минӕварад ӕмӕ Хуссар Ирыстоны Уӕрӕсейы ӕмбӕстӕгты цӕдис кафе Винченцойы ӕмархайдӕй.