Хуссар Иры Къозы цады нӕлгоймаг фервӕзын кодта дыууӕ сывӕллоны

© Sputnik / Карина ГаглоеваАбайты Константин
Абайты Константин - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Рафыссын
Къуыдаргомы уӕвӕг цад у улӕфджыты уарзон бынат. Къозы донбылгӕрӕттыл уӕлдай фылдӕр адӕм вӕййы улӕфт бонты. Хуыцаубоны дӕр та адӕм къордтӕй сӕ рӕстӕг ӕрвыстой доны цур

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссары Ирыстоны Къозы цады ӕвзонг нӕлгоймаг фервӕзын кодта дыууӕ сывӕллоны, кӕцытӕ фӕдӕлдон сты цады. Уый тыххӕй Sputnik радзырдта сывӕллӕттӕй иуы ныййарӕг.

Къуыдаргомы уӕвӕг цад у улӕфджыты уарзон бынат. Къозы донбылгӕрӕттӕ уӕлдай фылдӕр адӕм вӕййы улӕфт бонты. Хуыцаубоны дӕр та адӕм къордтӕй сӕ рӕстӕг ӕрвыстой доны цур.

"Мӕхицӕн ӕй нӕ барын, нӕ сывӕллоны ӕнӕхъусдардӕй куыд ныууагътам, уый. Ӕмӕ лӕппу куыннӕ фӕцырд уыдаид, уӕд цы уыдаид, ууыл мӕ хъуыды кӕнын дӕр нӕ фӕнды", - радзырдта чызджы мад Карина.

Республикӕйы Уӕлвӕткон уавӕрты министрады радзырдтой, ацы улӕфӕн бынаты сын ирвӕзынгӕнджыты пункт кӕй нӕ уӕвы.

 Битеты Фатимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.07.2021
Цхинвайлаг ӕвзонг сылгоймаг фервӕзын кодта сабийы дӕлдонӕй горӕты цады

"Уым ирвӕзынгӕнджыты пункт нӕ кусы. Фӕлӕ нӕм ис бӕрӕггӕнӕнтӕ, хуыцаубоны сӕвӕллӕтты кӕй фервӕзын кодта Абайты Константин", - загътой уагдоны радгӕсон службӕйы.

"Мӕ сабитӕ доны хъазыдысты мӕ сӕм мӕ хъус дардтон. Доны мидӕгдӕр уыдысты чызг ӕмӕ лӕппу. Лӕппу фӕтыхст ӕмӕ чызджы йӕ быны фӕкодта. Уымӕн йӕ бон фехъӕр кӕнын дӕр нал уыд, фӕлӕ ма лӕппу ӕххуысмӕ фӕсидт. Уайтагъд сын  донӕй райсын нӕ бантыст, арф уыд бынат", - радзырдта Sputnik йӕхӕдӕг ирвӕзынгӕнӕг.

Уый ма бафтыдта, сывӕллӕтты ӕнӕниздзинад кӕй нӕ бахъыгдар ис, фӕлӕ тынг кӕй фӕтарстысты.

Ног хабӕртты лентӕ
0