Хуссар Иры медцентры коронавирусæй амард сылгоймаг

© Sputnik / Наталья АйриянРБМЦ
РБМЦ - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Рафыссын
Пациентæн йӕ рӕуджытӕ, компьютерон томографы иртӕстмӕ гӕсгӕ, хъыгдард уыдысты 64 проценты бӕрц

ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады амард карджын сылгоймаг, кӕцыйӕн раздӕр сбӕлвырд кодтой коронавирус, фехъусын кодта Sputnik инфекцион хайады хистӕр Джиоты Тамара.

Коронавирус - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 23.08.2021
Югосетпотребнадзоры радзырдтой коронавирусимӕ уавӕры тыххӕй Хуссар Иры

"Рынчындоны инфекцион хайадмӕ 80 азы кары сылгоймаг бахауд 13 августы. Уый райсом фондз сахатыл амард", - загъта медик.

Дохтыр ма бафтыдта, пациентæн йӕ рӕуджытӕ, компьютерон томографы иртӕстмӕ гӕсгӕ, хъыгдард уыдысты 64 проценты бӕрц.

Республикон бирӕпрофилон медицинон центры инфекцион хайады нырдæгæн хос кæнынц 49 адæймаджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0