ЦХИНВАЛ, 23 авг — Sputnik. Хуссар Ирыстоны барадхъахъхъӕнӕг органты кусджытӕ ивгъуыд къуыри срегистраци кодтой цыппар фыдракӕнды – уыдон иууылдӕр раргом кодтой, хъусын кӕны республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Ӕхсӕнадон фӕтк фехалыны тыххӕй милицийы кусджытӕ бӕрнмӕ ӕрбаздахтой ӕхсӕз адӕймаджы, уыдонӕй иуӕн тӕрхондон рахаста административон ӕфхӕрд.
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 214 фӕткхалды.
"Фондз шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ автотранспорт нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, ивгъуыд къуыри республикӕйы фӕндӕгтыл регистрацигонд не ‘рцыд фӕндагон-транспортон цаутӕ.