Хуссар Иры ЦӔК ног сконд бавнӕлдта куыстмӕ

© Sputnik / Михаил ХасиевХуссар Иры ЦӔК
Хуссар Иры ЦӔК  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.08.2021
Рафыссын
Къамисы фыццаг рабадты куысты хайад райста президент Бибылты Анатолий дӕр. ЦӔК уӕнгтӕ равзӕрстой сӕргълӕууӕджы хӕдивӕг ӕмӕ секретары

ЦХИНВАЛ, 24 авг - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Централон ӕвзарӕн къамис (ЦӔК) ауагъта дыццӕджы ног сконды фыццаг рабадт.

Хуссар Иры ЦӔК - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 04.08.2021
Хуссар Иры парламент сфидар кодта ЦӔК ног сконд

Централон ӕвзарӕн къамисы сконд сфидар кодтой парламенты рабадтыл 4 августы. Уӕд къамисы сӕргълӕууӕджы бынатмӕ снысан кодтой Гӕджиты Эмилияйы.

Къамисы фыццаг рабадты куысты хайад райста президент Бибылты Анатолий дӕр. Паддзахады сӕргълӕууӕг раарфӕ кодта къамисы уӕнгтӕн куысты райдайӕны фӕдыл ӕмӕ фидарӕй загъта, уыдон цӕсгомджынӕй кӕй ӕххӕст кӕндзысты сӕ хӕслӕвӕрдтӕ.

"Ӕвзӕрстытӕ ӕнцон нӕ вӕййынц, фӕлӕ ЦӔК алцыдӕр бакӕны законы къабазмӕ. Законы бындурыл куысты руаджы нӕ халдзысты фӕтк ӕвзарӕн процессты рӕстӕджы", - загъта президент.

Бибылты Анатолий зӕрдыл ӕрбалӕууын кодта, ЦӔК-мӕ иу кӕй бабырстой ӕмӕ хъомыс дардтой йӕ уӕнгтӕм, уый фӕдыл къамисы алкӕцы уӕнгыл дӕр ис стыр бӕрндзинад.

"Мӕн уырны, ӕвзӕрстыты рӕстӕджы зындзинӕдтӕ кӕй нӕ фӕзындзӕн. Уыдон ацӕудзысты ӕнӕ эксцесстӕй", - бахахх кодта президент.

Рабадты хайад райста ЦӔК экс-сӕргълӕууӕг Плиты Белла дӕр. Президент йын бузныг загъта йӕ бирӕазон куысты тыххӕй ацы бынаты.

"Дӕ руаджы ЦӔК куыст нӕ рахызт законы арӕнтӕй. Кӕй зӕгъын ӕй хъӕуы, уыд дзы бирӕ проблемӕтӕ ӕвзӕрстыты рӕстӕджы, фӕлӕ Ды цӕсгомджынӕй аскъуыддзаг кодтой уыдон", - загъта Бибылты Анатолий.

ЦӔК ног сӕргълӕууӕг Гӕджиты Эмилия баныфсӕвӕрдта президентӕн, къамисы куыст уагъд кӕй цӕудзӕн ӕрмӕстдӕр законы фӕлгӕтты.

Ног хабӕртты лентӕ
0