Мулдарты Гарри: абоны онг Хуссар Ирыстонӕн сӕрмагонд картӕ нӕй

© Sputnik / Наталья АйриянМулдарты Гарри
Мулдарты Гарри - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 25.08.2021
Рафыссын
Парламенты депутат, Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыстоны ‘хсӕн арӕны делимитанцийы фӕдыл къамисы сӕргълӕууӕг Мулдарты Гарри радио Sputnik эфиры радзырдта къамисы куысты тыххӕй
Мулдарты Гарри: абоны онг Хуссар Ирыстонӕн сӕрмагонд карта нӕй

Хуссар Ирыстон ӕмӕ Гуырдзыйы ӕхсӕн арӕны делимитаци ӕмӕ демаркацийы фӕдыл паддзахадон къамис рахаста сӕ куысты тыххӕй уагӕвӕрд ӕмӕ сбӕлвырд кодта кусӕгон къорд. Йӕ сӕргълӕууӕг Мулдарты Гаррийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, уыцы уагӕвӕрдмӕ алчидӕр бахаста йӕ фиппаинӕгтӕ.

"Алчидӕр бахаста сӕ фиппаинӕгтӕ ӕмӕ сӕ рахастам хъӕлӕс кӕнынмӕ. Кӕуыл дзы схъӕлӕс кодтой, уыдон хаст ӕрцыдысты уагӕвӕрдмӕ, арвыстам ӕй президентмӕ дӕр. Ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм, цӕмӕй йыл президент ӕрфысса йӕ къух, цӕмӕй къамис йӕ куыстмӕ бӕстондӕрӕй бавнала", - загъта уый.

Депутат куыд радзырдта, уымӕ гӕсгӕ къамис арӕзт ӕрцыд, цӕмӕй Хуссар Ирыстоны паддзахадон картӕ ныв ӕрцӕуа, йӕ арӕнтӕ йын бӕрӕг кӕнынц, 1922 азы цы Декрет хаст ӕрцыд, уымӕ гӕсгӕ.

"Декреты цы арӕнтӕ ӕрцыдысты фыст, уыдон райстам фидӕны картӕйы бындурӕн", - банысан кодта къамисы сӕргълӕууӕг.

Мулдарты Гарри бафиппайдта, абоны онг Гуырдзыстонимӕ паддзахадӕн кӕй нӕй бӕлвырд арӕнтӕ ӕмӕ Хуссар Ирыстонӕн кӕй нӕй сӕрмагонд картӕ.

Лӕмбынӕгдӕр байхъусут аудиоӕрмӕджы.

Ног хабӕртты лентӕ
0