Бестауты Тамаз йæ интервьюйы радзырдта, ирон-гуырдзиаг хӕстыты цы уавæрты хæцыдысты хуымæтæг ирон лæппутæ, уый тыххӕй.
"Æхсæв æмæ мын бон нæ уыд, Присы къуылдым куы хъахъхъæдтам, уæд. Фыццаг дыууæ-æртæ къуыри дзы ницы уыд арæзт, нæдæр дзы окоппытæ уыд. Цалынмæ уыдон къахтой, уæдмæ гуырдзиæгтæ нæ æрлæууыдысты сæ æхсынæй. Мæ тыхтæ фесæфтысты макæуыл дзы мацы æрцæуайы мæтæй", - радзырдта Тамаз.
Бӕстондӕрӕй нӕ видеоӕрмӕджы.