Цӕгат Иры сӕмбӕлдысты паралимпиаг чемпион Хынцӕгты Альбертыл

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæХынцӕгты Альберт
Хынцӕгты Альберт - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 30.08.2021
Рафыссын
Ирон спортсмен Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан Паралимпиаг хъӕзтыты Токиойы ядро ӕхсынӕй

ЦХИНВАЛ, 30 авг - Sputnik. Цӕгат Иры сӕмбӕлдысты паралимпиаг чемпион Хынцӕгты Альбертыл. Сӕдӕгай адӕм ӕрбацыдысты, цӕмӕй скад кӕной спортсменӕн.

"Иу къуыри баулӕфдзӕн, уый фӕстӕ та бавналдзӕн тренировкӕтӕм. Дарддӕр кусдзӕн мӕхиуыл", - радзырдта чемпион "15-ӕм Регионӕн".

Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан Паралимпиаг хъӕзтыты Токиойы ядро ӕхсынӕй. Хынцӕгты Альберт равдыста фӕстиуӕг 15,78 метры. Дыккаг бынатыл ацыд Бен Мослах Тунисӕй (14,50), бронзӕйон майдан та рамбылдта бразилиаг Жоао Виктор Тейшейра де Соуза Силва (14,45).

Ног хабӕртты лентӕ
0