https://sputnik-ossetia.com/20210901/-Beslny-fzyndzn-terrorizmy-profilaktikyy-pptadmon-tsentr-12742797.html
Беслæны фæзындзæн терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр
Беслæны фæзындзæн терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мадзал арæзт уыдзæн дыууæ хайæ. Проектмæ гæсгæ базилдзысты, фыццæгæм скъолайы бæстыхайæ чи баззад, уыцы хаймæ 01.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-01T10:10+0300
2021-09-01T10:10+0300
2021-08-31T16:23+0300
ног хабӕрттӕ
цӕгат ирыстон
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/479/37/4793797_0:101:2000:1231_1920x0_80_0_0_89104b493de7334f18829cb18269b71b.jpg
ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр хъуамæ фæзына Беслæны 2023-æм азмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".Мадзал арæзт уыдзæн дыууæ хайæ. Проектмæ гæсгæ базилдзысты, фыццæгæм скъолайы бæстыхайæ чи баззад, уыцы хаймæ.Кълæсты фæнд кæнынц, трагедийыл чи дзурдзæн, ахæм экспозици равæрын. Фенæн ма дзы уыдзæн, дунейы алы рæтты цы стыр фыдбылызтæ æмæ теракттæ æрцыд, уыдоны тыххæй равдыстытæ.Беслæны трагедийы мысæн бонты агъоммæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Æдасдзинады Федералон службæйы æдзард æфсæддонты хæстæджытæ. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ сты ахсджиаг хъæбатырты ном арынæн æмæ мысынæн.Центр саразыны архайдзысты бæстæйы хуыздæр реставратортæ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/479/37/4793797_0:37:2000:1295_1920x0_80_0_0_d6da5656be3e52032a6e8ac490b22e55.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон
ног хабӕрттӕ, цӕгат ирыстон
Беслæны фæзындзæн терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр
Мадзал арæзт уыдзæн дыууæ хайæ. Проектмæ гæсгæ базилдзысты, фыццæгæм скъолайы бæстыхайæ чи баззад, уыцы хаймæ
ЦХИНВАЛ, 31 авг — Sputnik. Терроризмы профилактикæйы æппæтадæмон центр хъуамæ фæзына Беслæны 2023-æм азмæ, хъусын кæны ПТРК "Алания".
Мадзал арæзт уыдзæн дыууæ хайæ. Проектмæ гæсгæ базилдзысты, фыццæгæм скъолайы бæстыхайæ чи баззад, уыцы хаймæ.
"Сæйраг нысан — 2004-æм азы трагикон цауты фæдтæ бахъахъхъæнын. Уымæ гæсгæ бæстыхайы мидæгæй æххæстæй не сног кæндзысты. Проекты дыккаг къæпхæн та уыдзæн ног бæстыхай. Ам уыдзæн проекцион зал æмæ дзы æвдисдзысты документалон хроникæтæ, стæй ма дзы уыдзæн экспозицитæн бæстыхæйттæ", - дзырдæуы хъусинаджы.
Кълæсты фæнд кæнынц, трагедийыл чи дзурдзæн, ахæм экспозици равæрын. Фенæн ма дзы уыдзæн, дунейы алы рæтты цы стыр фыдбылызтæ æмæ теракттæ æрцыд, уыдоны тыххæй равдыстытæ.
Беслæны трагедийы мысæн бонты агъоммæ Цæгат Ирыстонмæ ссыдысты Æдасдзинады Федералон службæйы æдзард æфсæддонты хæстæджытæ. Уыдоны хъуыдымæ гæсгæ, ахæм мадзæлттæ сты ахсджиаг хъæбатырты ном арынæн æмæ мысынæн.
Центр саразыны архайдзысты бæстæйы хуыздæр реставратортæ.