https://sputnik-ossetia.com/20210901/Khussar-Iry-Leningory-rayony-rabrg-kodtoy-khuyzdr-futbolon-komandty--12744857.html
Хуссар Иры Ленингоры районы рабӕрӕг кодтой хуыздӕр футболон командӕты
Хуссар Иры Ленингоры районы рабӕрӕг кодтой хуыздӕр футболон командӕты
Sputnik Хуссар Ирыстон
Районон турниры призон бынӕттыл тох кодтой ӕхсӕз командӕйы - уыдонӕй иууыл цӕттӕдӕртӕ фӕбӕрӕг сты ӕртӕбонон хъӕзтыты фӕстиуӕгӕн 01.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-01T14:07+0300
2021-09-01T14:07+0300
2021-09-01T11:39+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/01/12744389_0:0:1518:858_1920x0_80_0_0_06f16921d4eda4a2e506cba914bf622b.jpg
ЦХИНВАЛ, 1 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселочы ацыд районон турнир футболӕй, кӕцы нывонд уыд республикӕйы Хӕдбардзинад банымайыны бонӕн. Районы пресс-секретарь Кокойты Анжела куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ерыстӕ адарддӕр сты ӕртӕ боны.Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ноджы цымыдисондӕр уыд финалон хъазт Цъинагар ӕмӕ Ленингоры поселочы зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайады командӕты хсӕн."Дыууӕ командӕ дӕр равдыстой ирд хъазт. Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ фыццаг бынат бацахста Цъинагары командӕ, дыккаг бынат - поселочы зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайады, ӕмӕ ӕртыккаг бынат та Цъинагары дыккаг командӕ. Уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодтой кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕй", - радзырдта Кокойты Анжела.Районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гулиты Владимир раарфӕ кодта хъазджытӕн ӕмӕ банысан кодта, ахӕм мадзӕлттӕ кӕй разӕнгард кӕнынц фӕсивӕды спортмӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/01/12744389_70:0:1435:858_1920x0_80_0_0_4985eabfbd771f54a2d9628a5460308c.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры Ленингоры районы рабӕрӕг кодтой хуыздӕр футболон командӕты
Районон турниры призон бынӕттыл тох кодтой ӕхсӕз командӕйы - уыдонӕй иууыл цӕттӕдӕртӕ фӕбӕрӕг сты ӕртӕбонон хъӕзтыты фӕстиуӕгӕн
ЦХИНВАЛ, 1 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Хуссар Ирыстоны Ленингоры поселочы ацыд районон турнир футболӕй, кӕцы нывонд уыд республикӕйы Хӕдбардзинад банымайыны бонӕн. Районы пресс-секретарь Кокойты Анжела куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ерыстӕ адарддӕр сты ӕртӕ боны.
"Ацы аз хъазты бацыдысты ӕхсӕз командӕйы. Фӕстаг хатт фӕзуатыл сӕмбӕлдысты Цъинагары хъӕуы командӕтӕй иу ӕмӕ уӕрӕсейаг ӕфсӕддонты командӕ. Тох ӕртыккаг бынаты сӕраппонд цыд хъӕддыхӕй ӕмӕ ахицӕн 3:1 хыгъдӕй цъинагайрӕгты пайдайӕн", - банысан кодта пресс-секретарь.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ноджы цымыдисондӕр уыд финалон хъазт Цъинагар ӕмӕ Ленингоры поселочы зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайады командӕты хсӕн.
"Дыууӕ командӕ дӕр равдыстой ирд хъазт. Турниры фӕстиуджытӕм гӕсгӕ фыццаг бынат бацахста Цъинагары командӕ, дыккаг бынат - поселочы зынгхуыссынгӕнӕн-ирвӕзынгӕнӕн хайады, ӕмӕ ӕртыккаг бынат та Цъинагары дыккаг командӕ. Уӕлахиздзауты схорзӕхджын кодтой кубоктӕ ӕмӕ ӕхцайы премитӕй", - радзырдта Кокойты Анжела.
Районы администрацийы сӕргълӕууӕг Гулиты Владимир раарфӕ кодта хъазджытӕн ӕмӕ банысан кодта, ахӕм мадзӕлттӕ кӕй разӕнгард кӕнынц фӕсивӕды спортмӕ.