Хуссар Иры ацӕудзӕн Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд акци

© Sputnik / Natalia Airiyan Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд акци
 Беслӕны трагедийы амӕттӕгтӕн нывонд акци - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 03.09.2021
Рафыссын
Республикӕйы цӕрджытӕ ӕмӕ уазджытӕн фадат уыдзӕн ссарын теракты амӕттӕгты рухс нӕмттӕ Цхинвалы Театралон фӕзуатыл 3 сентябры
ЦХИНВАЛ, 3 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Цхинвалы, майрӕмбоны 3 сентябры, ацӕудзӕн мысӕн акци "Неоконченный урок… (детям Беслана посвящается)". Уый тыххӕй Sputnik фехъусын кодта культурӕйы министрады сӕйраг специалист ӕхсӕнадимӕ бастдзинӕдты фӕдыл Остъаты Мӕдинӕ.
"Горӕты цӕрджытӕн фадат ис ӕрбацӕуын ӕмӕ ссарын фӕмардуӕвджыты рухс нӕмттӕ иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйӕ, афтӕ ма сӕвӕрын дидинтӕ, дон ӕмӕ хъазӕнтӕ", - загъта министрады минӕвар.
Беслӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2021
Беслӕны райдыдта ӕртӕбонон вахтӕ 2004 азы теракты амӕттӕгты мысӕнӕн
Остъаты Мӕдинӕ бафтыдта, зӕгъгӕ, акци нывӕндысты райдайын 11.00 сахатыл райсомӕй, фӕлӕ йӕ аргъӕвтой ӕвзӕр боныгъӕды тыххӕй.
"Мах аскъуыддзаг кодтам райдайын мадзал фӕстӕдӕр, 14.00 сахатыл, цӕмӕй бацӕттӕ кӕнӕм ӕмӕ бахъахъхъӕнӕм къӕвдайӕ къамтӕ ӕмӕ трагедийы алыгъуызон ӕрмӕджытӕ", - банысан кодта Культурӕйы министрады специалист.
2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.
Ног хабӕртты лентӕ
0