https://sputnik-ossetia.com/20210903/Khussar-Iry-prezident-khayad-isy-fydokhy-madzltty-Beslny-12758643.html
Хуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны
Хуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны
Sputnik Хуссар Ирыстон
Цӕгат Ирыстоны дарддӕр цӕуы ӕртӕбонон вахтӕ Беслӕны скъолайы террористон акты амӕттӕгты мысӕнӕн 03.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-03T17:24+0300
2021-09-03T17:24+0300
2021-09-03T16:32+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/03/12758174_0:56:1367:828_1920x0_80_0_0_3d39867126c812e6f04e6d612097be92.jpg
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Беслӕны уагъд цӕуынц фыццӕгӕм скъолайы теракты 17-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд мадзӕлттӕ. Ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, цӕгатирыстойнаг хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ депутаттӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фыдохы ӕртыккаг бон райдыдта панихидӕйӕ."Райсомӕй скъолайы спортзалы сӕххӕст кодтой Хуыцаумӕ скуывд. 13.05 сахатыл скъолайы кӕртӕ райхъуыст дзӕнгӕрӕджы дыууӕ цӕфы – уыцы рӕстӕг 17 азы размӕ ацы ран айхъуыстысты дыууӕ срӕмыгъды", - дзырдӕуы хъусинаджы.Фыдохы мадзӕлттӕ хайадисджытӕ бацыдысты мемориалон комплекс "Город ангелов"-мӕ, сӕвӕрдтой дидинтӕ "Дерево скорби" монументмӕ ӕмӕ ФӔС сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ "Альфа" ӕмӕ "Вымпел"-ы ӕфсӕддонты цыртмӕ.Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйы фӕстӕ уӕларвмӕ суагътой 334 урс тымбылӕджы – уый у теракты амӕттӕгты нымӕц.Фыдохы мадзӕлттӕ балхынцъ уыдзысты абон изӕры, Беслӕны скъолайы кӕрты 20.00 сахатыл ссудздзысты цырӕгътӕ фӕмардуӕвджыты мысӕнӕн.2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.
https://sputnik-ossetia.com/20210902/Ostaty-Robert-Beslny-tragediyy-tykhkhy-kronm-niky-uyrnydta-akhm-fydmi-ky-is-sarazn-12753916.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/03/12758174_0:0:1319:828_1920x0_80_0_0_8588603f854331a156d38f796f17b4a9.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Хуссар Иры президент хайад исы фыдохы мадзӕлтты Беслӕны
Цӕгат Ирыстоны дарддӕр цӕуы ӕртӕбонон вахтӕ Беслӕны скъолайы террористон акты амӕттӕгты мысӕнӕн
ЦХИНВАЛ, 3 сен - Sputnik. Беслӕны уагъд цӕуынц фыццӕгӕм скъолайы теракты 17-ӕм афӕдзы бонӕн нывонд мадзӕлттӕ. Ӕвирхъау трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ ссардтой Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий, РЦИ-Аланийы сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Сергей Меняйло, цӕгатирыстойнаг хицауады уӕнгтӕ ӕмӕ депутаттӕ, ӕхсӕнадон организациты минӕвӕрттӕ.
Цӕгат Ирыстоны сӕргълӕууӕг ӕмӕ хицауады пресс-службӕ куыд хъусын кӕны, афтӕмӕй фыдохы ӕртыккаг бон райдыдта панихидӕйӕ.
"Райсомӕй скъолайы спортзалы сӕххӕст кодтой Хуыцаумӕ скуывд. 13.05 сахатыл скъолайы кӕртӕ райхъуыст дзӕнгӕрӕджы дыууӕ цӕфы – уыцы рӕстӕг 17 азы размӕ ацы ран айхъуыстысты дыууӕ срӕмыгъды", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Фыдохы мадзӕлттӕ хайадисджытӕ бацыдысты мемориалон комплекс "Город ангелов"-мӕ, сӕвӕрдтой дидинтӕ "Дерево скорби" монументмӕ ӕмӕ ФӔС сӕрмагонд дӕлхайӕдтӕ "Альфа" ӕмӕ "Вымпел"-ы ӕфсӕддонты цыртмӕ.
Иу уысм ӕдзӕмӕй алӕугӕйы фӕстӕ уӕларвмӕ суагътой 334 урс тымбылӕджы – уый у теракты амӕттӕгты нымӕц.
Фыдохы мадзӕлттӕ балхынцъ уыдзысты абон изӕры, Беслӕны скъолайы кӕрты 20.00 сахатыл ссудздзысты цырӕгътӕ фӕмардуӕвджыты мысӕнӕн.
2004 азы 1 сентябры беслӕйнаг скъолайы спортивон залы ӕртӕ боны террористтӕ дардтой амынӕты 1128 адӕймаджы. 3 сентябры 13.05 сахатыл скъолайы спортивон залы фехъуыст фыццаг бомбӕйы фехӕлд. Фӕмард 334 адӕймаджы, се хсӕн 186 сывӕллоны, 800 адӕймагӕй фылдӕр та фӕцӕф сты.