https://sputnik-ossetia.com/20210906/Akhsdzhiag-bon-Khussar-Irystony-raydydta-nog-akhuyry-az-12765389.html
Ахсджиаг бон: Хуссар Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз
Ахсджиаг бон: Хуссар Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз
Ацы аз республикӕйы 51 скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 650-ӕй фылдӕр фыццагкъласоны, уыдонӕй 78 райсдзӕн Цхинвалы 6-ӕм скъола 06.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-06T11:30+0300
2021-09-06T11:30+0300
2021-09-06T11:19+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
/html/head/meta[@name='og:title']/@content
/html/head/meta[@name='og:description']/@content
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/920/36/9203685_0:154:3095:1895_1920x0_80_0_0_05cafe9ef34d0d3d3811baa76797bf10.jpg
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ног ахуыры аз Хуссар Ирыстоны ӕппӕт скъоладзаутӕн дӕр суыдзӕн уӕлдай амондджын ӕмӕ зӕрдылдарӕндӕр, загъта Ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса Цхинвалы 6-ӕм скъолайы цытджын линейкӕйы.Ахуыры аз Хуссар Ирыстоны 2018 азӕй фӕстӕмӕ райдайы фӕстӕдӕр Беслӕны трагедийы фӕдыл фыдохы бонты тыххӕй. Улӕфт бонты тыххӕй ацы аз Зонындзинӕдты бон банысан кодтой 6 сентябры. Гаглойты Элиса рагъта йӕ фӕндиӕгты, цӕмӕй абон скъолайы къӕсӕрӕй цы сывӕллӕттӕ бахызтызты, уыдон ахуыр кӕной иттӕг хорз нысӕнттыл ӕмӕ фидӕны суой хорз адӕм.Мадзал адарддӕр ис чысыл концертӕй. Скъолайы директор Бедойты Элеонора схорзӕхджын кодта педколлектив ӕмӕ кӕцыдӕр ныййарджыты грамотӕтӕй.Ацы аз республикӕйы 51 скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 650-ӕй фылдӕр фыццагкъласоны, уыдонӕй 78 райсдзӕн Цхинвалы 6-ӕм скъола.
https://sputnik-ossetia.com/20210823/Tskhinvaly-rayony-skolat-tstt-knynts-nog-akhuyry-azm-12699597.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/920/36/9203685_182:0:2913:2048_1920x0_80_0_0_f365bf84889330e91be9b4cb09b44f32.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rosiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Ахсджиаг бон: Хуссар Ирыстоны райдыдта ног ахуыры аз
Ацы аз республикӕйы 51 скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 650-ӕй фылдӕр фыццагкъласоны, уыдонӕй 78 райсдзӕн Цхинвалы 6-ӕм скъола
ЦХИНВАЛ, 6 сен – Sputnik, Тъехты Дзерассӕ. Ног ахуыры аз Хуссар Ирыстоны ӕппӕт скъоладзаутӕн дӕр суыдзӕн уӕлдай амондджын ӕмӕ зӕрдылдарӕндӕр, загъта Ахуырады министры хӕдивӕг Гаглойты Элиса Цхинвалы 6-ӕм скъолайы цытджын линейкӕйы.
Ахуыры аз Хуссар Ирыстоны 2018 азӕй фӕстӕмӕ райдайы фӕстӕдӕр Беслӕны трагедийы фӕдыл фыдохы бонты тыххӕй. Улӕфт бонты тыххӕй ацы аз Зонындзинӕдты бон банысан кодтой 6 сентябры.
Гаглойты Элиса рагъта йӕ фӕндиӕгты, цӕмӕй абон скъолайы къӕсӕрӕй цы сывӕллӕттӕ бахызтызты, уыдон ахуыр кӕной иттӕг хорз нысӕнттыл ӕмӕ фидӕны суой хорз адӕм.
"Ацы аз мах ахиздзыстӕм ӕппӕт зындзинӕдты сӕрты дӕр ӕмӕ ахуыры азы кӕроныл сӕмбӕлдзыстӕм хорз бӕрӕггӕнӕнтимӕ", - загъта уый ӕмӕ ахуырдзаутӕн йӕ цӕст бауарзта хорз нысӕнттӕ ӕмӕ стыр ӕнтыстытӕ.
Мадзал адарддӕр ис чысыл концертӕй. Скъолайы директор Бедойты Элеонора схорзӕхджын кодта педколлектив ӕмӕ кӕцыдӕр ныййарджыты грамотӕтӕй.
Ацы аз республикӕйы 51 скъолаты къӕсӕрӕй бахиздзысты 650-ӕй фылдӕр фыццагкъласоны, уыдонӕй 78 райсдзӕн Цхинвалы 6-ӕм скъола.