Сывӕллӕттӕ фӕндагыл: Хуссар Иры ПАИ кусджытӕ сӕ хъус дарынц фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз

© Пресс-служба МВД РЮО Хуссар Иры ПАИ кусджытӕ сӕ хъус дарынц фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз
 Хуссар Иры ПАИ кусджытӕ сӕ хъус дарынц фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 10.09.2021
Рафыссын
Ахуырадон азы райдайӕны Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ фӕтыхджындӕр кодтой хъусдард фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз
ЦХИНВАЛ, 10 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ногӕй райдыдта ахуырадон процесс, уый фӕдыл Паддзахадон автоинспекцийы (ПАИ) кусджытӕ ногӕй райдыдтой сӕ хъус дарын фӕндагон змӕлдмӕ скъолаты раз.
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Ӕртӕ фыдракӕнды ӕмӕ дыууӕ авари: Хуссар Иры МХМ радзырдтой къуырийы уавӕры тыххӕй
"Ахуырдзауты фылдӕр хайы скъолатӕм ласынц сӕ ныййарджытӕ. Инспектортӕ сӕ хъус дарынц, цӕмӕй транспортон фӕрӕзтӕ ма ӕмбырд кӕной, шофыртӕ та раст уромой сӕ хӕдтулгӕтӕ. ПАИ ӕнтыстджынӕй ӕххӕст кӕны йӕ хӕслӕвӕрдтӕ", - загъта йӕ интервьюйы Sputnik Хуссар Ирыстоны Паддзахадон автоинспекцийы хистӕр, милицийы инӕлар-майор Джиоты Алан.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, инспектортӕ лӕууынц скъолаты раз ӕрвыл райсом, 8.30 сахатӕй 9.30 сахаты онг, афтӕ ма бонӕй дӕр – ахуырадон уагдӕтты раз, цы ран скъоладзаутӕн ис дыккаг сменӕ дӕр.
"Куыд райсомӕй, афтӕ сихорӕй дӕр ӕххӕст кӕнӕм нӕ хӕслӕвӕрдтӕ уагдӕтты, цы ран ис дыккаг сменӕ. Кусджытӕ сӕ хъус дарынц скъоладзауты ӕдасдзинадмӕ ӕмӕ фӕндагон змӕлды фӕтктӕ ӕххӕст кӕнынмӕ", - банысан кодта Джиоты Алан.
Сӕйраг автоинспектор бахахх кодта, скъоладзаутӕ сӕхӕдӕг дӕр кӕй хъуамӕ ӕххӕст кӕной фӕндагон змӕлды фӕтктӕ.
Афтӕ ма уый бафтыдта, фӕстаг рӕстӕг столицӕйы шофыртӕ кӕй райдыдтой хъавгӕдӕр скъӕрын, фӕндӕгтыл фехӕлдты нымӕц та фӕкъаддӕр.
Ног хабӕртты лентӕ
0