Хуссар Иры театры кусджытӕ сӕ квалификаци фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты Мӕскуыйы

© Sputnik / Наталья АйриянРХИ театр
РХИ театр - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 15.09.2021
Рафыссын
Культурон уагдоны директор Уалыты Мӕдинӕйы ныхӕстӕм гӕсгӕ, кусджытӕ ахуыр кӕндзысты скъолайы, кӕцы цӕттӕ кӕны театралон аивады менеджерты
ЦХИНВАЛ, 15 сен – Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны Паддзахадон драмон театры кусджытӕ сӕ квалификации фӕбӕрзонддӕр кӕндзысты Г. Дадамяны номыл сценӕйон аивады архайджыты Уӕлдӕр скъолайы Мӕскуыйы, фехъусын кодта пресс-конференцийы Sputnik театры директор Уалыты Мӕдинӕ.
Евгений Соколовский - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 14.09.2021
Бӕллын ам клип сисынмӕ: Евгений Соколовский йӕ фыццаг тӕлмӕнты тыххӕй Хуссар Ирӕй
Сценӕйон аивады архайджыты Уӕлдӕр скъола – Уӕрӕсейы фыццаг ӕнӕпаддзахадон ахуырадон уагдон, кӕцы цӕттӕ кӕны менеджерты культурӕйы къабазы. Бындур ын ӕрӕвӕрдта 1988 азы профессор, Уӕрӕесйы аивӕдты сгуыхт архайӕг Геннадий Дадамян.
"Дадамяны номыл скъола ныр 34 азы дӕргъы цӕттӕ кӕны театралон аивӕдты менеджерты. Уыдон сты адӕм, кӕцытӕ хъуамӕ организации кӕной сфӕлдыстадон процесс, бӕрӕг кӕной, куыд хъуамӕ рӕза театр нырыккон уавӕрты. Уым ахуыр кӕнынц театрты архайгӕ директортӕ, арт-менеджертӕ, пиаргӕнджытӕ", – банысан кодта Уалион.
© Sputnik / Natalia Airiyan РХИ театры директор Уалыты Мӕдинӕ
Мадина Валиева - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 26.10.2021
РХИ театры директор Уалыты Мӕдинӕ
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фидӕнмӕ театры къухдариуӕг хъавы арвитын йӕ кусджыты сӕ квалификации фӕбӕрзонддӕр кӕнынмӕ факультет "Заведующий постановочной частью"-мӕ.
"Нырыккон театр – фадӕтты театр. Уый чысыл ахызт стандарттӕй  ӕмӕ агуры йӕхи равдисыны ног формӕтӕ. Мах арвитдзыстӕм нӕ кусджыты, цӕмӕй уыдон ӕххӕстбӕрцӕй пайда кӕной нӕ театры фадӕттӕй", - балхынцъ кодта уагдоны директор.
Ног хабӕртты лентӕ
0