https://sputnik-ossetia.com/20210916/Tskhinvaly-uyngty-iuyl-fud-kny-krtyty-tsaltsg-12810803.html
Цхинвалы уынгтӕй иуыл фӕуд кӕны кӕртыты цалцӕг
Цхинвалы уынгтӕй иуыл фӕуд кӕны кӕртыты цалцӕг
Sputnik Хуссар Ирыстон
Ацы аз коммуналон кусджытӕ аразынц кӕртытӕ Фидауынгӕнджытӕ ӕмӕ Нӕузӕххонты уынгтыл. Ацы районты бирӕфатерон хӕдзӕртты раз дӕсгай ӕзты дӕргъы нӕ цалцӕг кодтой... 16.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-16T11:17+0300
2021-09-16T11:17+0300
2021-09-16T10:17+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/0f/12808911_0:0:3622:2048_1920x0_80_0_0_b9ec55f03074cbe3f76ee0714f1eaae6.jpg
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынгыл бавнӕлдтой асфальт ӕвӕрынмӕ. Горӕты администрацийы куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй куыстыты бӕрцуат егъау нӕу, кӕртыты хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн иу къуыримӕ.Ацы ран цалцӕггӕнӕн куыстытӕ уагъд цӕуынц сӕрды райдайӕнӕй. Уый размӕ уалдзӕджы раивтой зӕххы бын инженерон хызӕгтӕ."Ивгъуыд къуыри кусджытӕ цӕттӕ кодтой 2, 12 ӕмӕ 14 хӕдзӕрты кӕртытӕ асфальт ӕвӕрынмӕ, ӕмӕ абон уыдон бавнӕлдтой куыстмӕ", - загътой горӕты администрацийы.Объектыл архайынц 15 кусӕджы ӕмӕ техникӕйы фондз иуӕджы.Фарон коммуналон кусджытӕ сцалцӕг кодтой Гафезы уынджы кӕртытӕ ӕмӕ Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты хай, афтӕ ма Джиоты Аланы проспектыл кӕртытӕ дӕр. Столицӕйы администрацийы 2021 азы нывӕзты ма ис Нӕузӕххонты уынджы кӕртыты хӕрзарӕзтад, 2022 азы – микрорайон БАМ-ы, 2023 азы та Тӕболты Сергей ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/0f/12808911_0:0:3258:2048_1920x0_80_0_0_ae29759d25211c717ec2f0c874a4bb33.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Цхинвалы уынгтӕй иуыл фӕуд кӕны кӕртыты цалцӕг
Ацы аз коммуналон кусджытӕ аразынц кӕртытӕ Фидауынгӕнджытӕ ӕмӕ Нӕузӕххонты уынгтыл. Ацы районты бирӕфатерон хӕдзӕртты раз дӕсгай ӕзты дӕргъы нӕ цалцӕг кодтой фӕндаг
ЦХИНВАЛ, 16 сен – Sputnik, Гӕбӕраты Элина. Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынгыл бавнӕлдтой асфальт ӕвӕрынмӕ. Горӕты администрацийы куыд радзырдтой Sputnik, афтӕмӕй куыстыты бӕрцуат егъау нӕу, кӕртыты хӕрзарӕзтад фӕуыдзӕн иу къуыримӕ.
Ацы ран цалцӕггӕнӕн куыстытӕ уагъд цӕуынц сӕрды райдайӕнӕй. Уый размӕ уалдзӕджы раивтой зӕххы бын инженерон хызӕгтӕ.
"Ивгъуыд къуыри кусджытӕ цӕттӕ кодтой 2, 12 ӕмӕ 14 хӕдзӕрты кӕртытӕ асфальт ӕвӕрынмӕ, ӕмӕ абон уыдон бавнӕлдтой куыстмӕ", - загътой горӕты администрацийы.
Объектыл архайынц 15 кусӕджы ӕмӕ техникӕйы фондз иуӕджы.

Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты цалцӕг

Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты цалцӕг

Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты цалцӕг
Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты цалцӕг
Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты цалцӕг
Цхинвалы Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты цалцӕг
Фарон коммуналон кусджытӕ сцалцӕг кодтой Гафезы уынджы кӕртытӕ ӕмӕ Фидауынгӕнджыты уынджы кӕртыты хай, афтӕ ма Джиоты Аланы проспектыл кӕртытӕ дӕр. Столицӕйы администрацийы 2021 азы нывӕзты ма ис Нӕузӕххонты уынджы кӕртыты хӕрзарӕзтад, 2022 азы – микрорайон БАМ-ы, 2023 азы та Тӕболты Сергей ӕмӕ Хъайтарты уынгтыл.