https://sputnik-ossetia.com/20210917/Bibylty-Anatoliy-radta-Khlarady-Ordent-iron-chempiontn-paralimpietstn-12818440.html
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон богалтӕ - паралимпиӕгтӕн
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон богалтӕ - паралимпиӕгтӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Токиойы хъӕзтыты Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан ядро ӕхсынӕй, Къобесты Чермен та ссис бронзӕйон майданы хицау 400 метры лидзынӕй 17.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-17T13:09+0300
2021-09-17T13:09+0300
2021-09-17T12:53+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/11/12817748_0:255:3072:1991_1920x0_80_0_0_43da11ee9763ad64c0d750b80c749b3c.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Токиойы Паралимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау ӕмӕ призеримӕ Хынцӕгты Альберт ӕмӕ Къобесты Черменимӕ."Ӕхсызгон мын у райсын сымах Хуссар Ирыстоны, сымах стут чемпионтӕ, кӕцытӕ, фыццаджыдӕр, фӕуӕлахиз стут уӕхиуыл. Сымах сарӕзтат ӕнхъӕл уӕ цы нӕ уыдысты, уый", - загъта Бибылты Анатолий.Президент банысан кодта, уыдон кӕй ссисты цӕвиттон бирӕ адӕмӕн.Хынцӕгты Альберт бахахх кодта, тынг ахсджиаг йын кӕй у йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ирӕтты ӕнцой.Къобесты Чермен сразы йе ‘мгаримӕ ӕмӕ бафтыдта, хъусдард уыдонӕн ахсджиагдӕр кӕй у майдантӕй. "Махӕн Олимпиадӕйы фадат нӕ уыд схӕцын уӕрӕсейаг тырысайыл, фӕлӕ схӕцыдыстӕм ирон тырысайыл", - банысан кодта уый.Спортсментӕ райстой президентӕй бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ – Хӕларады Ордентӕ. Президент йӕ къух ӕрфыста паралимпиаг майдантыл – Уӕрӕсейы президент Владимир Путины къухфысты цур.Токиойы хъӕзтыты Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан ядро ӕхсынӕй, Къобесты Чермен та ссис бронзӕйон майданы хицау 400 метры лидзынӕй.
https://sputnik-ossetia.com/20210914/Vladimir-Putim-skhorzkhdzhyn-kodta-Khychtsgty-Alberty-Khlardzinady-ordeny-12801113.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/11/12817748_0:118:3072:2048_1920x0_80_0_0_15e0ce2f81105f701ac2c03bf1aa87b0.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон богалтӕ - паралимпиӕгтӕн
Токиойы хъӕзтыты Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан ядро ӕхсынӕй, Къобесты Чермен та ссис бронзӕйон майданы хицау 400 метры лидзынӕй
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны президент Бибылты Анатолий фембӕлд Токиойы Паралимпиаг хъӕзтыты уӕлахиздзау ӕмӕ призеримӕ Хынцӕгты Альберт ӕмӕ Къобесты Черменимӕ.
"Ӕхсызгон мын у райсын сымах Хуссар Ирыстоны, сымах стут чемпионтӕ, кӕцытӕ, фыццаджыдӕр, фӕуӕлахиз стут уӕхиуыл. Сымах сарӕзтат ӕнхъӕл уӕ цы нӕ уыдысты, уый", - загъта Бибылты Анатолий.
Президент банысан кодта, уыдон кӕй ссисты цӕвиттон бирӕ адӕмӕн.
Хынцӕгты Альберт бахахх кодта, тынг ахсджиаг йын кӕй у йӕ хиуӕттӕ ӕмӕ ирӕтты ӕнцой.
"Мӕнӕн ахсджиаг нӕу, Хуссар ӕмӕ Цӕгат, - Ирыстон мӕнӕн у иу. Ӕмӕ пьедесталыл куы лӕууын, уӕд сӕрыстыр вӕййын мӕ фыдыбӕстӕйӕ", - загъта чемпион.
Къобесты Чермен сразы йе ‘мгаримӕ ӕмӕ бафтыдта, хъусдард уыдонӕн ахсджиагдӕр кӕй у майдантӕй.
"Махӕн Олимпиадӕйы фадат нӕ уыд схӕцын уӕрӕсейаг тырысайыл, фӕлӕ схӕцыдыстӕм ирон тырысайыл", - банысан кодта уый.

Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн

Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн

Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
Бибылты Анатолий радта Хӕларады Ордентӕ ирон чемпионтӕн-паралимпиецтӕн
Спортсментӕ райстой президентӕй бӕрзонд паддзахадон хорзӕхтӕ – Хӕларады Ордентӕ. Президент йӕ къух ӕрфыста паралимпиаг майдантыл – Уӕрӕсейы президент Владимир Путины къухфысты цур.
Токиойы хъӕзтыты Хынцӕгты Альберт рамбылдта сыгъзӕрин майдан ядро ӕхсынӕй, Къобесты Чермен та ссис бронзӕйон майданы хицау 400 метры лидзынӕй.