https://sputnik-ossetia.com/20210917/Khussar-Iry-sarztoy-ippodrom-nizfkhrd-sabitn-12818568.html
Хуссар Иры сарӕзтой ипподром низӕфхӕрд сабитӕн
Хуссар Иры сарӕзтой ипподром низӕфхӕрд сабитӕн
Sputnik Хуссар Ирыстон
Бӕхджын фӕзуат ӕнӕаргъӕй исдзӕн низӕфхӕрд сывӕллӕтты - уый уыд сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджыны домӕн, кӕцыйы фӕндӕй сӕрӕзтӕуыд ипподром 17.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-17T12:45+0300
2021-09-17T12:45+0300
2021-09-17T12:43+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
спорт
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/11/12818003_0:296:1600:1200_1920x0_80_0_0_ddce2655b3fe3914b5e3f30b5f3ac3fa.jpg
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Джеры комы октябры райдайӕны йӕ уазджытӕ исын райдадзӕн ног ипподром. Фыццаг рады уый арӕзт ӕрцыд низӕфхӕрд сабиты реабилитацийӕн, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.Арӕзтад цыд президент Бибылты Анатолийы финансон ӕххуысӕй.Уый ма бафтыдта, ипподром гом кӕй уыдзӕн алкӕмӕн дӕр. "Ӕмрӕстӕджы ум кусы бӕхыл бадыны скъола дӕр. Йӕ бардарӕг Къӕбулты Ренатмӕ ис райрӕзты фӕндтӕ ӕмӕ ацы кьуым хуыздӕрӕй-хузыдӕр кӕндзӕн", - бафтыдта уый.Объект арӕзт ӕрцыд Къӕбулты Хъазбеджы номыл бӕхты бадыны центр "Сидуг"-ы бындурыл. Центр уӕвынад кӕны 2019 азӕй фӕстӕмӕ Джеры комы ӕдзӕрӕг хъӕутй иуы.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/07e5/09/11/12818003_0:194:1600:1200_1920x0_80_0_0_70d13288d897c87987f7b59945444217.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ, спорт
Хуссар Иры сарӕзтой ипподром низӕфхӕрд сабитӕн
Бӕхджын фӕзуат ӕнӕаргъӕй исдзӕн низӕфхӕрд сывӕллӕтты - уый уыд сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджыны домӕн, кӕцыйы фӕндӕй сӕрӕзтӕуыд ипподром
ЦХИНВАЛ, 17 сен - Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны Джеры комы октябры райдайӕны йӕ уазджытӕ исын райдадзӕн ног ипподром. Фыццаг рады уый арӕзт ӕрцыд низӕфхӕрд сабиты реабилитацийӕн, фехъусын кодта Sputnik сывӕллӕтты барты фӕдыл президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цхуырбаты Татьяна.
Арӕзтад цыд президент Бибылты Анатолийы финансон ӕххуысӕй.
"Хорз хъуыддагӕн ӕрӕвӕрдтам бындур. Ипподром бакӕндзыстӕм октябры райдайӕны, куыд нӕ фӕндыд афтӕ рацыд, ныридӕгӕн ӕфснайд цӕуы йӕ территори. Иумӕйагӕй исгӕйӕ та дзы нырма бирӕ гӕнӕн ис саразын, дыууӕ-ӕртӕ азы бахъӕудзӕн, цӕмӕй дзы сырӕза, Уӕрӕсейы цы ипподромтӕ ис, уыдон ӕнгӕс", - загъта Цхуырбаты Татьяна.
Уый ма бафтыдта, ипподром гом кӕй уыдзӕн алкӕмӕн дӕр.
"Ӕмрӕстӕджы ум кусы бӕхыл бадыны скъола дӕр. Йӕ бардарӕг Къӕбулты Ренатмӕ ис райрӕзты фӕндтӕ ӕмӕ ацы кьуым хуыздӕрӕй-хузыдӕр кӕндзӕн", - бафтыдта уый.
Объект арӕзт ӕрцыд Къӕбулты Хъазбеджы номыл бӕхты бадыны центр "Сидуг"-ы бындурыл. Центр уӕвынад кӕны 2019 азӕй фӕстӕмӕ Джеры комы ӕдзӕрӕг хъӕутй иуы.