https://sputnik-ossetia.com/20210924/Kalaty-Nariman-khayad-raysdzn-masterty-armukayy-Dzudzhykhuy-12856666.html
Калаты Нариман хайад райсдзӕн мастерты армукъайы Дзӕуджыхъӕуы
Калаты Нариман хайад райсдзӕн мастерты армукъайы Дзӕуджыхъӕуы
Sputnik Хуссар Ирыстон
Мастерты армукъайы, кӕцы уагъд цӕудзӕн 25-26 сентябры, бавдисдзысты нывӕфтауыджытӕ, керамисттӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ 24.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-24T14:07+0300
2021-09-24T14:07+0300
2021-09-24T14:28+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/499/72/4997223_0:0:2501:1407_1920x0_80_0_0_32ee9dbd7f561c0f55a284238007fcae.jpg
ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Калаты Нариман хъахъхъӕндзӕн Хуссар Ирыстоны кад мастерты армукъайы горӕт Дзӕуджыхъӕуы бонӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты. Мадзал ацӕудзӕн Терчы донбылгӕрон 25 ӕмӕ 26 сентябры."Мӕнмӕ фӕдзырдтой Адӕмон сфӕлдыстады центрӕй ӕмӕ мӕ фӕхуыдтой хайад райсын мастерты армукъайы. Уым бавдисдзысты нывӕфтауыджытӕ, керамисттӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ", - загъта Нариман.Мастер бавдисдзӕн армукъайы хъӕдӕрмӕгӕй алыгъуызон дзауматӕ, кӕцытӕй пайда кодтой ирӕтты фыдӕлтӕ.Цӕгат Ирыстоны столицӕйӕн бындур ӕрӕвӕрдтой 1784 азы ӕмӕ ӕрвылаз горӕты цӕрджытӕ нысан кӕнынц ацы ахсджиаг бӕрӕгбон. Ацы аз армукъайӕ дарддӕр горӕты центры ацӕудзӕн концерт, афтӕ ма этникон дарӕсы фестиваль.
https://sputnik-ossetia.com/20210906/Tskhinvaly-vzong-tekhnikty-stants-bakodta-y-durtt-skoladzautn-12768925.html
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/499/72/4997223_107:0:2330:1667_1920x0_80_0_0_5e16dfcae9130612dbf2d88cacfea5b5.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Калаты Нариман хайад райсдзӕн мастерты армукъайы Дзӕуджыхъӕуы
14:07 24.09.2021 (Ранӕуӕггонд: 14:28 24.09.2021) Мастерты армукъайы, кӕцы уагъд цӕудзӕн 25-26 сентябры, бавдисдзысты нывӕфтауыджытӕ, керамисттӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ
ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Калаты Нариман хъахъхъӕндзӕн Хуссар Ирыстоны кад мастерты армукъайы горӕт Дзӕуджыхъӕуы бонӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты. Мадзал ацӕудзӕн Терчы донбылгӕрон 25 ӕмӕ 26 сентябры.
"Мӕнмӕ фӕдзырдтой Адӕмон сфӕлдыстады центрӕй ӕмӕ мӕ фӕхуыдтой хайад райсын мастерты армукъайы. Уым бавдисдзысты нывӕфтауыджытӕ, керамисттӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ", - загъта Нариман.
Мастер бавдисдзӕн армукъайы хъӕдӕрмӕгӕй алыгъуызон дзауматӕ, кӕцытӕй пайда кодтой ирӕтты фыдӕлтӕ.
Цӕгат Ирыстоны столицӕйӕн бындур ӕрӕвӕрдтой 1784 азы ӕмӕ ӕрвылаз горӕты цӕрджытӕ нысан кӕнынц ацы ахсджиаг бӕрӕгбон. Ацы аз армукъайӕ дарддӕр горӕты центры ацӕудзӕн концерт, афтӕ ма этникон дарӕсы фестиваль.