Калаты Нариман хайад райсдзӕн мастерты армукъайы Дзӕуджыхъӕуы

© Sputnik / Наталья АйриянКалаты Нариман
Калаты Нариман - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 24.09.2021
Рафыссын
Мастерты армукъайы, кӕцы уагъд цӕудзӕн 25-26 сентябры, бавдисдзысты нывӕфтауыджытӕ, керамисттӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ
ЦХИНВАЛ, 24 сен - Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Калаты Нариман хъахъхъӕндзӕн Хуссар Ирыстоны кад мастерты армукъайы горӕт Дзӕуджыхъӕуы бонӕн нывонд мадзӕлтты фӕлгӕтты. Мадзал ацӕудзӕн Терчы донбылгӕрон 25 ӕмӕ 26 сентябры.
Цхинвалы ӕвзонг техникты станц бакодта йӕ дуӕрттӕ скъоладзаутӕн - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 06.09.2021
Цхинвалы ӕвзонг техникты станц бакодта йӕ дуӕрттӕ скъоладзаутӕн
"Мӕнмӕ фӕдзырдтой Адӕмон сфӕлдыстады центрӕй ӕмӕ мӕ фӕхуыдтой хайад райсын мастерты армукъайы. Уым бавдисдзысты нывӕфтауыджытӕ, керамисттӕ ӕмӕ ӕрмдӕсныты куыстытӕ", - загъта Нариман.
Мастер бавдисдзӕн армукъайы хъӕдӕрмӕгӕй алыгъуызон дзауматӕ, кӕцытӕй пайда кодтой ирӕтты фыдӕлтӕ.
Цӕгат Ирыстоны столицӕйӕн бындур ӕрӕвӕрдтой 1784 азы ӕмӕ ӕрвылаз горӕты цӕрджытӕ нысан кӕнынц ацы ахсджиаг бӕрӕгбон. Ацы аз армукъайӕ дарддӕр горӕты центры ацӕудзӕн концерт, афтӕ ма этникон дарӕсы фестиваль.
Ног хабӕртты лентӕ
0