Фондз ФТЦ ӕмӕ цыппар хъыгдардбаййафӕджы: МХМ радзырдтой къуырийы уавӕры тыххӕй

© Sputnik / Наталья АйриянЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Рафыссын
Барадхъахъхъӕнӕг уагдоны фехъусын кодтой фыдракӕндтӕ ӕмӕ республикӕйы фӕндӕгтыл уавӕры тыххӕй
ЦХИНВАЛ, 27 сен — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фӕндӕгтыл ивгъуыд къуыри ӕрцыд фондз аварийы, кӕцыты фӕстиуӕгӕн бахъыгдард сты цыппар адӕймаджы. Уый тыххӕй къуырисӕры фехъусын кодта республикӕйы Мидхъуыддӕгты министрады (МХМ) пресс-службӕ.
Хуссар Иры МХМ радзырдтой, цал адӕймаджы ӕрурӕдтой наркотикты тыххӕй августы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 01.09.2021
Хуссар Иры МХМ радзырдтой, цал адӕймаджы ӕрурӕдтой наркотикты тыххӕй августы
Афтӕ ма Паддзахадон автоинспекцийы кусджытӕ сбӕрӕг кодтой фӕндагон змӕлды 196 фӕткхалды.
"Цыппар шофыры фӕдыл сарӕзтӕуыд административон протоколтӕ хӕдтулгӕ нозтджынӕй скъӕрыны тыххӕй", - банысан кодтой пресс-службӕйы.
Уагдоны бафтыдтой, зӕгъгӕ, иу къуыримӕ республикӕйы территорийыл регистрацигонд ӕрцыд иу фыдракӕнд, кӕцы раргом кодтой мидхъуыддӕгты органтӕ. Алыгъуызон фӕткхӕлдты тыххӕй бӕрнмӕ ӕрбаздахтой цалдӕр адӕймаджы, уыдонӕй иуы – наркотикон фӕрӕзтӕй ӕнӕзаконон пайда кӕныны тыххӕй.
Ног хабӕртты лентӕ
0