Тренер Сланты Виталий саргъ кодта "Ирон"-ы шанстӕн Усикы ныхмӕ тохы

© Sputnik / Владимир Астапкович /  Ахизын медиабанкмæАлександр Усик (Украина) ӕмӕ Гасситы Мурӕт (Уӕрӕсе)
Александр Усик (Украина) ӕмӕ Гасситы Мурӕт  (Уӕрӕсе)  - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 27.09.2021
Рафыссын
Ивгъуыд улӕфт бонты ацыд украинӕйаг Александр Усик ӕмӕ британиаг Энтони Джошуайы ныхмӕлӕуд, кӕцыйӕ украинӕйаг боксер рахызт уӕлахиздзауӕй
ЦХИНВАЛ, 27 сен - Sputnik. Украинӕйаг Александр Усик ӕмӕ ирон боксер Гасситы Мурӕты хсӕн патенциалон ныхмӕлӕуды фӕстиуджытӕн зын у рагзагъд саразын, загъта "Ирон"-ы ахуыргӕнӕг, УФ сгуыхт тренер Сланты Виталий 15-ӕм регионӕн.
"Зын зӕгъӕн у, фӕуӕлахиз уыдзӕн Гасситы Мурӕт ахӕмУсикыл, ӕви нӕ. Фӕлӕ мӕ ныфс ис, уыцы тох искуы кӕй ацӕудзӕн. Уый уыдзӕн хорз тох. Мурӕт бирӕ фӕразондӕр у Джошуайӕ. Йӕ цӕф дӕр тыхджындӕр у. Алцыдӕр равдисдзӕн ринг", - загъта Сланты Виталий.
Тренер банысан кодта, тохы фӕстиуджыты ма стыр нысаниуӕг кӕй ис Мурӕты ӕнӕниздзинадӕн райсгӕ травмӕты фӕстӕ.
Гасситы Мурат - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 13.09.2021
Ныхмӕлӕууӕг бӕрӕг у: Гасситы Мурат фӕззӕджы ауадздзӕн радон тох
"Суперсерийы финалы фӕстӕ бирӕ моменттӕ уыд. Райста цӕфтӕ, йӕ уӕз тынг зынтӕй ӕппӕрста. Ныфс ӕвӕрдзыстӕм, сӕ дыккаг тох дӕр кӕй ацӕудзӕн ӕмӕ кӕй уыдзӕн бирӕ конкурентондӕр", – банысан кодта тренер.
Ивгъуыд улӕфт бонты ацыд украинӕйаг Александр Усик ӕмӕ британиаг Энтони Джошуайы ныхмӕлӕуд, кӕцыйӕ украинӕйаг боксер рахызт уӕлахиздзауӕй.
Гасситы Мурӕт фембылд Александр Усикӕн 2018 азы июлы.
Ног хабӕртты лентӕ
0