https://sputnik-ossetia.com/20210928/Dsgay-patsientt-rbatsydysty-Khussar-Iry-rynchyndonm-rkhong-onkospetsialisttm-12870273.html
Дӕсгай пациенттӕ ӕрбацыдысты Хуссар Иры рынчындонмӕ ӕрхонгӕ онкоспециалисттӕм
Дӕсгай пациенттӕ ӕрбацыдысты Хуссар Иры рынчындонмӕ ӕрхонгӕ онкоспециалисттӕм
Sputnik Хуссар Ирыстон
Онкогинеколог ӕмӕ маммолог Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады фӕхуындмӕ гӕсгӕ иу бон истой пациентты Цхинвалы 28.09.2021 мӕ, Sputnik Хуссар Ирыстон
2021-09-28T11:13+0300
2021-09-28T11:13+0300
2021-09-28T10:23+0300
хуссар ирыстоны
ног хабӕрттӕ
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1057/69/10576951_0:161:3071:1888_1920x0_80_0_0_5f8d1d9d04737e440f0a9cfac877e147.jpg
ЦХИНВАЛ , 27 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады радзырдтой онкогинеголог Джыгкайты Зӕлинӕ ӕмӕ маммолог Болататы Вандӕйы куысты фӕстиуджыты тыххӕй.Дохтыртӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады фӕхуындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ иу бон истой пациентты Цхинвалы.Маммологы ӕххуыс райсынмӕ та ӕрбацыдысты 40 пациенты, се хсӕн дохтыры хыгъдон пациенттӕ дӕр. Бӕрӕг ӕрцыд цалдӕр дызӕрдыггаг цауы, кӕцытӕ дарддӕр домынц специалисты хъусдард, бафтыдтой уагдоны."Кӕд ма цӕрджытӕ ӕрбахатой, уӕд специалисттӕ ссариккой рӕстӕг ӕмӕ-иу ӕрцӕуиккой республикӕмӕ планон хуызы", - загътой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.Уым ма бафтыдтой, специалисттӕм ӕрбацӕуӕг пациенттӕ иууылдӕр кӕй райстой рекомендацитӕ.
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
2021
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
ног хабӕрттӕ
os_OS
Sputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
https://cdnn1.img.sputnik-ossetia.ru/img/1057/69/10576951_170:0:2901:2048_1920x0_80_0_0_5e7083a8b751aed2d777f5be4d3d6267.jpgSputnik Хуссар Ирыстон
media@sputniknews.com
+74956456601
MIA „Rossiya Segodnya“
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
хуссар ирыстоны, ног хабӕрттӕ
Дӕсгай пациенттӕ ӕрбацыдысты Хуссар Иры рынчындонмӕ ӕрхонгӕ онкоспециалисттӕм
Онкогинеколог ӕмӕ маммолог Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады фӕхуындмӕ гӕсгӕ иу бон истой пациентты Цхинвалы
ЦХИНВАЛ , 27 сен - Sputnik, Козаты Диана. Хуссар Ирыстоны ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады радзырдтой онкогинеголог Джыгкайты Зӕлинӕ ӕмӕ маммолог Болататы Вандӕйы куысты фӕстиуджыты тыххӕй.
Дохтыртӕ ӕрцыдысты республикӕмӕ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕныны министрады фӕхуындмӕ гӕсгӕ ӕмӕ иу бон истой пациентты Цхинвалы.
"Онкогинеколог райста 36 пациенты, уыдонӕй 25 рацыдысты басгӕрст, иннӕтӕ та райстой дохтыры консультацитӕ. Уыимӕ бӕрӕг ӕрцыдысты фонон низтӕ, кӕцытӕ рагзагъд к рагзагъд кынц онкопроцесстӕн", - хъусын кӕны министрады пресс-службӕ.
Маммологы ӕххуыс райсынмӕ та ӕрбацыдысты 40 пациенты, се хсӕн дохтыры хыгъдон пациенттӕ дӕр. Бӕрӕг ӕрцыд цалдӕр дызӕрдыггаг цауы, кӕцытӕ дарддӕр домынц специалисты хъусдард, бафтыдтой уагдоны.
"Кӕд ма цӕрджытӕ ӕрбахатой, уӕд специалисттӕ ссариккой рӕстӕг ӕмӕ-иу ӕрцӕуиккой республикӕмӕ планон хуызы", - загътой ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады министрады.
Уым ма бафтыдтой, специалисттӕм ӕрбацӕуӕг пациенттӕ иууылдӕр кӕй райстой рекомендацитӕ.