Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох хайад райста Дзӕуджыхъӕуы фестивалы

© Из архива Х. БекоеваХуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох хайад райста Дзӕуджыхъӕуы фестивалы
Хуссарирыстойнаг дизайнер Бекъойты Хох хайад райста Дзӕуджыхъӕуы фестивалы - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2021
Рафыссын
Ивгъуыд улӕфт бонты Цӕгат Ир банысан кодта дыууӕ бӕрӕгбоны – Республикӕйы бон ӕмӕ Горӕты бон. Уый фӕдыл столицӕйы центры ацыдысты концерт, ӕрмдӕсныты армукъа, афтӕ ма этникон дарӕсы фестиваль
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik, Хъуылымбегты Зӕлинӕ. Дизайнер Бекъойты Хох хайад райста этникон костюмы фестиваль "Рон"-ы Дзӕуджыхъӕуы.
Модельер Sputnik куыд радзырдта, афтӕмӕй фестиваль цыд Горӕты боны фӕлгӕтты. Уый модӕуарзджыты размӕ рахаста 10 куысты ирон символикӕимӕ.
"Куы мӕ фӕхуыдтой, уӕд мӕм бахатыдысты, цӕмӕй ӕрласон исты этникон дарӕс. Мӕ фыццаг коллекци "Наваждение" ирон колоритимӕ кӕй у, уымӕ гӕсгӕ фестивальмӕ ацыдтӕн уыимӕ. Фестиваль мӕ зӕрдӕмӕ тынг фӕцыд, ацы аз бӕрӕгбон уыд бирӕ масштабондӕр", - загъта Бекъойты Хох.
Уый бафтыдта, бӕрӕгбоны ма хайад кӕ райстой дизайнертӕ Цӕгат-Кавказаг федералон зылдӕй, Тюмень ӕмӕ Башкортостанӕй.
"Тынг ӕхсызгон мын уыд семӕ базонгӕ уӕвын, ахыхас кӕнын ӕмӕ сӕхимӕ хуындтытӕ райсын", - загъта дизайнер.  
Бекъойты Хох ма бафтыдта, ахӕм мадзӕлттӕ ахъаз кӕй сты хайадисджытӕн ӕндӕр культурӕтимӕ зонгӕ кӕнынӕн.
Ног хабӕртты лентӕ
0