Цæгат Ирыстоны фынгæвæрд ахицæн карды цæфтæй

кард - Sputnik Хуссар Ирыстон, 1920, 28.09.2021
Рафыссын
Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймæгты ныхас расайдта хъаугъамæ æмæ кæрæдзимæ кæрдтæ систой. Аххосджынгондмæ æнхъæлмæ кæсы дыууæ азы онг æмгъуыд
ЦХИНВАЛ, 28 сен — Sputnik. Цæгат Ирыстоны 38-аздзыд бынæттон цæрæджы фынгыл бадгæйæ быцæуы рæстæджы ныццавтой кардæй, хъусын кæны 15-ӕм регион республикон министрады пресс-службæйыл ӕнцойгӕнгӕйӕ.
Рагагъоммæйы бæрæггæнæнтæм гæсгæ, нæлгоймæгты ныхас расайдта хъаугъамæ æмæ кæрæдзимæ кæрдтæ систой.
"Быцæуы рæстæджы аххосджынгонд фынгæй кард фелвæста æмæ дзы хъыгдард баййафæджы къах ныццавта. Полицæйы кусджытæ æртæ суткæйы æмгъуыдмæ рабæрæг кодтой фыдгæнæджы уæвыны бынат. Уый разынд Тельманы поселокы 34-аздзыд уый размæ тæрхонгонд цæрæг", - дзырдӕуы хъусинаджы.
Ныртæккæ фыдгӕнӕг ис полицæйы хайады. Йæ аххосыл дæр басаст. Амынд цауы бындурыл æрфарсты органтæ байгом кодтой уголовон хъуыддаг.
Аххосджынгондмæ æнхъæлмæ кæсы дыууæ азы онг æмгъуыд.
Ног хабӕртты лентӕ
0